Хуссар Иры депутаттӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ президентон ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци ӕрцыд Абхазмӕ, цӕмӕй сӕ цӕст дарой президентон ӕвзӕрстытӕм.
Абхазы парламенты спикер Лаша Ашуба фембӕлд хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕмӕ сын бузныг загъта ӕххуысы тыххӕй ахӕм ахсджиаг политикон моменты.
Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Дриаты Заза, сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты парламентон комитеты разамонӕг Сланты Иван ӕмӕ закъонад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Алан.
Фембӕлды ма хайад райстой абхазаг парламенты минӕвӕрттӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Абхазы Боциты Олег.
Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд ӕмгуыстады актуалон фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0