https://sputnik-ossetia.com/20250217/sotsialon-khkhuysy-tsentr-2024-azy-materialon-khkhuys-bakodta-khussar-iry-150-tsrgn-32032519.html
"Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Иры 150 цæрæгæн
"Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Иры 150 цæрæгæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. "Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны 150 цæрæгæн – уыдон хыгъды лæууыдысты... 17.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-17T17:47+0300
2025-02-17T17:47+0300
2025-02-17T17:47+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20346920_0:161:3060:1882_1920x0_80_0_0_7b4fe61e6bb7838d28e42a138b0ccad0.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. "Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны 150 цæрæгæн – уыдон хыгъды лæууыдысты организацийы. Уый тыххæй фехъусын кодта Sputnik-æн организацийы разамонæг Джиоты Зæринæ.Джиоты Зæринæ бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ бон хыгъды слæууын у Центры сæхи фæндонмæ гæсгæ кæнæ та сæ хиуæтты куырдиатæй.Джиоты Зæринæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны бон Центры хыгъды лæууынц Хуссар Ирыстоны 573 цæрæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй 273 адæймагæн лæггад кæнынц бынаты – сæ хæдзæртты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20346920_170:0:2891:2041_1920x0_80_0_0_737438b995d61556ae87f7175eedee05.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
"Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Иры 150 цæрæгæн
ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. "Социалон æххуысы центр" 2024 азы материалон æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны 150 цæрæгæн – уыдон хыгъды лæууыдысты организацийы. Уый тыххæй фехъусын кодта Sputnik-æн организацийы разамонæг Джиоты Зæринæ.
"Ацы æххуыс мах бакодтам фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады руаджы. Уымæй дарддæр Центры кусджытæ ивгъуыд аз снысан кодтой æртæ адæймаджы медико-социалон центр "Забота"-мæ. Ноджы ма иу адæймаджы та Сырх Дзуары комитеты æххуысæй арвыстам хос кæнынмæ сыхаг бæстæмæ" - загъта Центры сæргълæууæг.
Джиоты Зæринæ бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ бон хыгъды слæууын у Центры сæхи фæндонмæ гæсгæ кæнæ та сæ хиуæтты куырдиатæй.
Джиоты Зæринæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны бон Центры хыгъды лæууынц Хуссар Ирыстоны 573 цæрæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй 273 адæймагæн лæггад кæнынц бынаты – сæ хæдзæртты.