https://sputnik-ossetia.com/20250218/khussar-iry-prezident-basgrsta-sberbanchy-nog-ofis-dzauy-poselochy-32050285.html
Хуссар Иры президент басгæрста Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы
Хуссар Иры президент басгæрста Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы. Офис бакодтой республикон... 18.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-18T15:11+0300
2025-02-18T15:11+0300
2025-02-18T15:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/12/32046775_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_c686ecd15dc20246cfd73e6f0c3dec21.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы. Офис бакодтой республикон Нацбанчы филиалы бæстыхайы фарон æмæ ныр районы цæрджытæн фадат ис аразын финансон операцитæ бынаты.Афтæ ма Бекъойты Сослан бахахх кодта, кредитты фидыны рӕстӕджы иу проценты комисси Дзауы хайады фӕкъаддӕр кӕндзысты.Президент ӕрныхас кодта банчы кусджытимӕ.Дзауы районы сӕргълӕууӕг Тыбылты Ванда ракуырдта саразын аналогион уавӕртӕ горӕт Къуайсайы дӕр. Нацбанчы разамонӕг фидарӕй загъта, фарстыл кӕй бакусдзысты, ӕмӕ горӕты сӕвӕрдзысты терминал.Гаглойты Алан ма Хӕларады Орденӕй схорзӕхджын кодта банчы кусӕг Санахъоты Риммайы, уый банкон къабазы фӕкуыста ӕрдӕг ӕнусы бӕрц.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/12/32046775_206:0:1166:720_1920x0_80_0_0_cc51934989aaf0a72b2a7c53bbfc00ef.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Хуссар Иры президент басгæрста Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы
ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Сбербанчы ног офис Дзауы поселочы. Офис бакодтой республикон Нацбанчы филиалы бæстыхайы фарон æмæ ныр районы цæрджытæн фадат ис аразын финансон операцитæ бынаты.
"Дæ фæдзæхстæй 18 декабрæй скуыста лæггæдты пункт. Ныридæгæн 400 адæймаджы спайда кодтой офисы лæггæдтæй. Æрвылбон нæм æрбацæуынц адæм", - радзырдта паддзахады сæргълæууæгæн Нацбанчы директор Бекъойты Сослан.
Афтæ ма Бекъойты Сослан бахахх кодта, кредитты фидыны рӕстӕджы иу проценты комисси Дзауы хайады фӕкъаддӕр кӕндзысты.
Президент ӕрныхас кодта банчы кусджытимӕ.
"Сымах фенцондӕр кодтат хъӕуты цӕрджыты цард, уый тыххӕй уын стыр бузныг", - банысан кодта президент.
Дзауы районы сӕргълӕууӕг Тыбылты Ванда ракуырдта саразын аналогион уавӕртӕ горӕт Къуайсайы дӕр. Нацбанчы разамонӕг фидарӕй загъта, фарстыл кӕй бакусдзысты, ӕмӕ горӕты сӕвӕрдзысты терминал.
Гаглойты Алан ма Хӕларады Орденӕй схорзӕхджын кодта банчы кусӕг Санахъоты Риммайы, уый банкон къабазы фӕкуыста ӕрдӕг ӕнусы бӕрц.