https://sputnik-ossetia.com/20250219/khussar-iry-prezident-bambaryn-kodta-syvallatty-lager-mziugom-y-bakondy-fastiat-32060398.html
Хуссар Иры президент бамбарын кодта сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом"-ы баконды фӕстиат
Хуссар Иры президент бамбарын кодта сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом"-ы баконды фӕстиат
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом" фӕдарынӕн ӕрвылаз хъӕуы 16 милуан сомы. Уыцы фӕрӕзтӕ республикон бюджеты нӕй, уый фӕдыл... 19.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-19T11:20+0300
2025-02-19T11:20+0300
2025-02-19T11:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/15/31078294_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_0f953988e8d81764e08be9e98dc87e09.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом" фӕдарынӕн ӕрвылаз хъӕуы 16 милуан сомы. Уыцы фӕрӕзтӕ республикон бюджеты нӕй, уый фӕдыл хицауад агуры инвесторты. Уый тыххӕй Дзауы районы фембӕлды рӕстӕджы радзырдта паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан.Афтӕ ма Гаглойты Алан фехъусын кодта, кӕй сӕм ӕрбацыд куырдиӕттӕ инвестортӕй ацы объекты фӕдыл.Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, проект инвестицион программӕмӕ куы хастой, уӕд дзы нӕ бакодтой фӕрӕзтӕ лагерь фӕдарынӕн.
https://sputnik-ossetia.com/20250218/gagloyty-alan-bakhas-kodta-bakanyn-dzauy-skolayy-nog-korpus-sentyabrma-32051383.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/15/31078294_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_dff26e66211d731c6d16bf6bea617d8b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Хуссар Иры президент бамбарын кодта сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом"-ы баконды фӕстиат
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты лагерь "Мзиугом" фӕдарынӕн ӕрвылаз хъӕуы 16 милуан сомы. Уыцы фӕрӕзтӕ республикон бюджеты нӕй, уый фӕдыл хицауад агуры инвесторты. Уый тыххӕй Дзауы районы фембӕлды рӕстӕджы радзырдта паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан.
"Объект у цӕттӕ. Нӕ хӕс ӕфтиаг райсын нӕу, мах фӕнды, цӕмӕй лагерь йӕхи фӕдарынхъом уа, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн уым улӕфыны фадӕттӕ уой", - банысан кодта президент.
Афтӕ ма Гаглойты Алан фехъусын кодта, кӕй сӕм ӕрбацыд куырдиӕттӕ инвестортӕй ацы объекты фӕдыл.
"Иу инвестор фӕнд кӕны саразын уӕлӕмхас хосгӕнӕн корпус. Фарст нырма лыг не ‘рцыд", - бафтыдта президент.
Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, проект инвестицион программӕмӕ куы хастой, уӕд дзы нӕ бакодтой фӕрӕзтӕ лагерь фӕдарынӕн.