УУМ: Траскамы æрцыд 18 зæйы, трассæ æхгæд у æбæрæг рæстæгмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы æрцыдысты 18 зæйы, миты бæрзæнд трассæйыл у метрæй фылдæр, уый фæдыл фæндаг æхгæд у æбæрæг рæстæгмæ, радзырдтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Транскамы фæндагон змæлдыл тобæ сæвæрдтой дыццæджы изæры тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй.
"Цæгаттаг порталы ис зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад. Ацы сахатмæ трассæйыл æрцыд 18 зæйы. Зæйты гуырæнтæ хæцæнгарзæй æхсыны фадат нæй æвзæр боныгъæды тыххæй", - загътой уагдоны.
Æвзæр боныгъæды тыххæй нырма нæй гæнæн зæгъын, кæд байгом уыдзæн трассæ. Фæндаг митæй сыгъдæг кæныны куыстытæ дарддæр цæуынц, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0