https://sputnik-ossetia.com/20250221/rkhi-nysan-kanynts-fydybasta-khakhkhanadzhy-bon-ama-khakhkhanynady-ministrady-savzardy-bon-32094530.html
РХИ нысан кӕнынц Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бон
РХИ нысан кӕнынц Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бонӕн нывонд бӕрӕгбонон... 21.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-21T12:38+0300
2025-02-21T12:38+0300
2025-02-21T12:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
хъахъхъæнынады министрад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/933/03/9330376_0:160:3073:1888_1920x0_80_0_0_dc978b8b89ae4c888ade0766bff67979.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бонӕн нывонд бӕрӕгбонон ӕмбырд.Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон театры мадзалмӕ бацыд Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрӕдтӕ ӕмӕ тыхон структурӕты сӕргълӕуджытӕ, тыхон структурӕты разамонджытӕ, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хӕстонтӕ, афтӕ ма республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.Гаглойты Алан йӕ раныхасы банысан кодта, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕнын алыхатт дӕр кӕй уыд алкӕцы нӕлгомайджы хӕс.Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ абоны бон дӕр, Донбасс ӕмӕ Курскы зӕххыл ирон хӕстонтӕ хъӕбатырӕй тох кӕнынц сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ.Йӕ раныхасы фӕстӕ президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады къорд кусӕджы майдантӕй "Защитнику Отечества" ӕмӕ "За службу на страже мира в Южной Осетии".Бӕрӕгбонон ӕмбырд адарддӕр ис концертӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/933/03/9330376_171:0:2900:2047_1920x0_80_0_0_b59700ee585795d05c46c7e76513b5d6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хъахъхъæнынады министрад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хъахъхъæнынады министрад
РХИ нысан кӕнынц Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бон
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрды бонӕн нывонд бӕрӕгбонон ӕмбырд.
Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон театры мадзалмӕ бацыд Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрӕдтӕ ӕмӕ тыхон структурӕты сӕргълӕуджытӕ, тыхон структурӕты разамонджытӕ, сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хӕстонтӕ, афтӕ ма республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.
Гаглойты Алан йӕ раныхасы банысан кодта, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕнын алыхатт дӕр кӕй уыд алкӕцы нӕлгомайджы хӕс.
"23 февраль у профессионалон бӕрӕгбон, фӕлӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнын алыхатт дӕр уыд алкӕцы ӕмбӕстаджы хӕс. Нӕ адӕм кӕдфӕндыдӕр бӕрзонд аргъ кодтой хӕстонтӕн. Ирон хӕстонты хъайтардзинад ӕмӕ хӕстон курдиат у Райгуырӕн бӕстӕйы фидар уарт", - загъта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ абоны бон дӕр, Донбасс ӕмӕ Курскы зӕххыл ирон хӕстонтӕ хъӕбатырӕй тох кӕнынц сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ.
Йӕ раныхасы фӕстӕ президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады къорд кусӕджы майдантӕй "Защитнику Отечества" ӕмӕ "За службу на страже мира в Южной Осетии".
Бӕрӕгбонон ӕмбырд адарддӕр ис концертӕй.