https://sputnik-ossetia.com/20250225/tskhinval-ama-dyuua-rayony-skolata-ama-sabidatty-karantin-argavtoy-iu-kuyrima-32130417.html
Цхинвал ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аргъӕвтой иу къуыримӕ
Цхинвал ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аргъӕвтой иу къуыримӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аръӕвтой ног къуыримӕ. Информаци сфидар... 25.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-25T14:39+0300
2025-02-25T14:39+0300
2025-02-25T14:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/1d/11208867_0:137:3161:1915_1920x0_80_0_0_af514689c29b09b97db73bb6df68e3d6.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аръӕвтой ног къуыримӕ. Информаци сфидар кодтой республикӕйы ахуырады министрады.Уый размӕ ахуырадон процесс ӕрурӕдтой 25 фервалы онг бирӕнымӕц сывӕллӕттӕ грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ рынчын кӕй уыдысты, уый фӕдыл. Дыццӕджы карантин адарддӕр кодтой фыццӕгӕм марты онг.Иу къуыри ма ӕхгӕд уыдзысты ӕппӕт скъолатӕ, сабидӕттӕ ӕмӕ уӕлӕмхас ахуырады уагдӕттӕ горӕт Цхинвалы, Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районты, банысан кодтой министрады. Уымӕй дарддӕр карантин адарддӕр кодтой Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны, Цхинвалы бирӕпрофилон медицинон центры ӕмӕ Кадетон скъолайы.Афтӕ ма ӕхгӕд сты къорд скъола ӕмӕ сабидоны Дзауы ӕмӕ Ленингоры районты.Дарддӕр архайы тобӕ сывӕллӕттӕн культурон-массон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ уадзыныл ӕхгӕд бӕстыхӕйтты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/1d/11208867_175:0:2906:2048_1920x0_80_0_0_43f6332f975638bcbc658954740c7dec.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Цхинвал ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аргъӕвтой иу къуыримӕ
ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ дыууӕ районы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин аръӕвтой ног къуыримӕ. Информаци сфидар кодтой республикӕйы ахуырады министрады.
Уый размӕ ахуырадон процесс ӕрурӕдтой 25 фервалы онг бирӕнымӕц сывӕллӕттӕ грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ рынчын кӕй уыдысты, уый фӕдыл. Дыццӕджы карантин адарддӕр кодтой фыццӕгӕм марты онг.
Иу къуыри ма ӕхгӕд уыдзысты ӕппӕт скъолатӕ, сабидӕттӕ ӕмӕ уӕлӕмхас ахуырады уагдӕттӕ горӕт Цхинвалы, Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районты, банысан кодтой министрады. Уымӕй дарддӕр карантин адарддӕр кодтой Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны, Цхинвалы бирӕпрофилон медицинон центры ӕмӕ Кадетон скъолайы.
Афтӕ ма ӕхгӕд сты къорд скъола ӕмӕ сабидоны Дзауы ӕмӕ Ленингоры районты.
Дарддӕр архайы тобӕ сывӕллӕттӕн культурон-массон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ уадзыныл ӕхгӕд бӕстыхӕйтты.