https://sputnik-ossetia.com/20250226/khussar-iry-raydydta-uaraseyy-universitettam-anaarg-akhuyrma-kandidatty-avzarst-32143837.html
Хуссар Иры райдыдта Уӕрӕсейы университеттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрст
Хуссар Иры райдыдта Уӕрӕсейы университеттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрст
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Томайты Аманда. Россотрудничествойы минӕварад фӕцис уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрсты фыццаг этап. Уый... 26.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-26T12:20+0300
2025-02-26T12:20+0300
2025-02-26T12:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/19/16041584_0:76:3072:1804_1920x0_80_0_0_4f77e2ec070b088a58e0aec48ad5ce63.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Томайты Аманда. Россотрудничествойы минӕварад фӕцис уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрсты фыццаг этап. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Цхинвалы Уырыссаг хӕдзары сӕргълӕууӕг Сергей Комиссаров.Абитуриентты зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн равзӕрстой Мӕскуыйы физико-техникон институты фӕзуат.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахсджиаг информаци ныридӕгӕн ныммыхуыр кодтой официалон ресурстыл. Кандидаттӕ райстой инструкцитӕ электронон постмӕ."Ӕппӕт бӕстӕтӕн тестон бонтӕ нысан ӕрцыдысты 26, 27 ӕмӕ 28 февралмӕ. Ахсджиаг у, цӕмӕй абитуриенттӕ ма раивой комьютер регистрацийы фӕстӕ, уымӕн ӕмӕ системӕ фиксаци кӕны фыццаджы параметртӕ", - бафтыдта Комиссаров.Организатортӕ ма ӕрсидтысты кандидаттӕм лӕмбынӕгӕй сахуыр кӕнын инструкцитӕ ӕмӕ техникон домӕнтӕ, цӕмӕй сын экзамены бон проблемӕтӕ ма фӕзына.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/19/16041584_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_25a98284aac49d7ad25c35bb8310cae9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Хуссар Иры райдыдта Уӕрӕсейы университеттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрст
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Томайты Аманда. Россотрудничествойы минӕварад фӕцис уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕнӕаргъ ахуырмӕ кандидатты ӕвзӕрсты фыццаг этап. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Цхинвалы Уырыссаг хӕдзары сӕргълӕууӕг Сергей Комиссаров.
Абитуриентты зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн равзӕрстой Мӕскуыйы физико-техникон институты фӕзуат.
"Предметтӕй нӕм экзаментӕ цӕудзысты 3-10 марты. Техникон проблемӕтӕ кӕмӕн фӕзына, уыдонӕн та экзаментӕ ногӕй раттыны фадат уыдзӕн 10-12 марты", - банысан кодта Комиссаров.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахсджиаг информаци ныридӕгӕн ныммыхуыр кодтой официалон ресурстыл. Кандидаттӕ райстой инструкцитӕ электронон постмӕ.
"Ӕппӕт бӕстӕтӕн тестон бонтӕ нысан ӕрцыдысты 26, 27 ӕмӕ 28 февралмӕ. Ахсджиаг у, цӕмӕй абитуриенттӕ ма раивой комьютер регистрацийы фӕстӕ, уымӕн ӕмӕ системӕ фиксаци кӕны фыццаджы параметртӕ", - бафтыдта Комиссаров.
Организатортӕ ма ӕрсидтысты кандидаттӕм лӕмбынӕгӕй сахуыр кӕнын инструкцитӕ ӕмӕ техникон домӕнтӕ, цӕмӕй сын экзамены бон проблемӕтӕ ма фӕзына.