https://sputnik-ossetia.com/20250305/uaraseyag-afsadta-ssaribar-kodtoy-privolnoe-donbassy-32254431.html
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой Привольное Донбассы
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой Привольное Донбассы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Привольное Донецкы Адӕмон Республикӕйы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы... 05.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-05T16:36+0300
2025-03-05T16:36+0300
2025-03-05T16:36+0300
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/0c/31591753_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_98135fa6b5d959cdf8beb352ec8fd852.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Привольное Донецкы Адӕмон Республикӕйы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ивгъуыд суткӕйы дӕргъы скуынӕг кодтой ӕфсӕддон аэродромты инфраструктурӕ, нефтебазӕ, дронты фӕткдаруаты пункттӕ, националистон къорд "Кракен"-ы штаб, афтӕ ма Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕфсӕддонты ӕмӕ хӕстон техникӕ 150 районы. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой ӕхсӕз авиабомбӕйы ӕмӕ 51 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 656 хӕдтӕхӕджы, 283 вертолеты, 45 387 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 600 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 21 989 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1523 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 22 286 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 32 455 иуӕджы.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/0c/31591753_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_b8d8222bacdc2fc97f5797fd245fb69a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Привольное Донецкы Адӕмон Республикӕйы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери ивгъуыд суткӕйы дӕргъы скуынӕг кодтой ӕфсӕддон аэродромты инфраструктурӕ, нефтебазӕ, дронты фӕткдаруаты пункттӕ, националистон къорд "Кракен"-ы штаб, афтӕ ма Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕфсӕддонты ӕмӕ хӕстон техникӕ 150 районы. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой ӕхсӕз авиабомбӕйы ӕмӕ 51 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 656 хӕдтӕхӕджы, 283 вертолеты, 45 387 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 600 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 21 989 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1523 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 22 286 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 32 455 иуӕджы.