https://sputnik-ossetia.com/20250306/tskhinvaly-prezentatsi-skodtoy-dzhusoyty-nafiyy-sd-azy-yubileyn-nyvond-monet-32272255.html
Цхинвалы презентаци скодтой Джусойты Нафийы сæдæ азы юбилейæн нывонд монетæ
Цхинвалы презентаци скодтой Джусойты Нафийы сæдæ азы юбилейæн нывонд монетæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Националон банчы ацыд номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийы сæдæ азы юбилейæн нывонд æвзист... 06.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-06T15:06+0300
2025-03-06T15:06+0300
2025-03-06T15:48+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/06/32269316_0:116:1280:836_1920x0_80_0_0_278b1b9ed2b65dc2c3fad9c3ea502846.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Националон банчы ацыд номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийы сæдæ азы юбилейæн нывонд æвзист монетæйы презентаци.Мадзалмæ бацыдысты президент Гаглойты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, академикы бинонты уæнгтæ, зонадон æхсæнады минæвæрттæ.Националон банчы сæргълæууæг Бекъойты Сослан банысан кодта академик Джусойты Нафийы егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны зонад æмæ культурæйы райрæзтмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, монетæ уыдзæн æрмæст зынаргъ экпонат нæ, фæлæ Ирыстоны зындгонд фырты номарæн символ дæр.Бекъойты Сослан бафтыдта, зæгъгæ, номарæн монетæйы рауагъды руаджы Хуссар Ирыстон популярондæр кæны æппæтдунеон æмвæзадыл.Президент Гаглойты Алан банымадта абоны презентаци нысаниуæгджын цауыл, афтæ ма банысан кодта Джусойты Нафийы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ.Презентацийы рæстæджы Нафийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ма радзырдтой Зонд-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, профессор Битарты Зоя, Зонад-иртасæн институты кусджытæ Плиты Серго æмæ Биазырты Алла.Абоны бонмæ Хуссар Ирыстоны Националон банк рауагъта 41 монетæйы. Уыдонæй 28 монетæйы сты сыгъдæг æвзистæй, аст – сыгъзæрин æмæ æвзистæй æмæ фондз монетæйы та сыгъдæг сыгъзæринæй. Иумæйаг тираж у 15 810 экземпляры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/06/32269316_0:0:1280:961_1920x0_80_0_0_817e9e109f9584ae9f36b40e5d2410cd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Националон банчы ацыд номдзыд ахуыргонд, академик Джусойты Нафийы сæдæ азы юбилейæн нывонд æвзист монетæйы презентаци.
Мадзалмæ бацыдысты президент Гаглойты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, академикы бинонты уæнгтæ, зонадон æхсæнады минæвæрттæ.
Националон банчы сæргълæууæг Бекъойты Сослан банысан кодта академик Джусойты Нафийы егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны зонад æмæ культурæйы райрæзтмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, монетæ уыдзæн æрмæст зынаргъ экпонат нæ, фæлæ Ирыстоны зындгонд фырты номарæн символ дæр.
Бекъойты Сослан бафтыдта, зæгъгæ, номарæн монетæйы рауагъды руаджы Хуссар Ирыстон популярондæр кæны æппæтдунеон æмвæзадыл.
Президент Гаглойты Алан банымадта абоны презентаци нысаниуæгджын цауыл, афтæ ма банысан кодта Джусойты Нафийы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ.
"Йе ‘мдзæвгæтæ, романтæ, зонадон иртæстытæ æмæ тæлмацтæ зонгæ кæнынц мах ирон удравнимæ, нæ истори æмæ культурæимæ. Нафи ныууагъта сæдæгай зонадон куыстытæ, монографитæ, уацмыстæ, æмæ уыдон сты ирон адæмы монон хæзнадоны хай", - загъта паддзахады сæргълæууæг.
Презентацийы рæстæджы Нафийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ма радзырдтой Зонд-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, профессор Битарты Зоя, Зонад-иртасæн институты кусджытæ Плиты Серго æмæ Биазырты Алла.
Абоны бонмæ Хуссар Ирыстоны Националон банк рауагъта 41 монетæйы. Уыдонæй 28 монетæйы сты сыгъдæг æвзистæй, аст – сыгъзæрин æмæ æвзистæй æмæ фондз монетæйы та сыгъдæг сыгъзæринæй. Иумæйаг тираж у 15 810 экземпляры.