https://sputnik-ossetia.com/20250311/podmoskoveyy-dyuu-adymadzhy-amardysty-ugt-dronty-atakyy-fstiugn-32314802.html
Подмосковьейы æртæ адæймаджы амардысты УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн
Подмосковьейы æртæ адæймаджы амардысты УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн амард компани "Мираторг"-ы кусæг æмæ ноджы дыууæ нæлгоймаджы, уый тыххæй фехъусын кодта Мæскуыйы... 11.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-11T13:03+0300
2025-03-11T13:03+0300
2025-03-11T14:45+0300
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0b/32311648_0:136:951:671_1920x0_80_0_0_fce81e2c078933627a1cce5cf898e8d9.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн амард компани "Мираторг"-ы кусæг æмæ ноджы дыууæ нæлгоймаджы, уый тыххæй фехъусын кодта Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьев.Афтæ ма Котляковойы хъæуы зиан баййæфта 43-аздзыд сылгоймаг, уый ис уæззау увæры. Раменскийы та медицинон æххуысмæ бадзырдтой фондз адæймаджы, фæлæ сæ госпитализаци нæ бахъуыд. Афтæ ма æнæпилотон тæхæг аппаратты хæйтты æрхауынæй фæзынд зынгсирвæзт Домодедовайы парковкæйы æмæ дзы басыгъд 20 хæдтулгæйы бæрц.Андрей Воробьев бафтыдта, зæгъгæ, фæмардуæвджыты бинонтæн бафиддзысты фæйнæ иу милуан сомы бæрц, фæцæфуæвджытæ та райсдзысты 100-йæ 500 мин сомы онг.Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады райсомæй фехъусын кодтой, ивгъуыд æхсæвы дæргъы уæлдæфон хъъахъхъæнынады фæрæзтæ кæй скуынæг кодтой 337 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0b/32311648_0:148:951:861_1920x0_80_0_0_666b3876a0d614c54df06d42229b3119.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
Подмосковьейы æртæ адæймаджы амардысты УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн
13:03 11.03.2025 (Ранӕуӕггонд: 14:45 11.03.2025) ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн амард компани "Мираторг"-ы кусæг æмæ ноджы дыууæ нæлгоймаджы, уый тыххæй фехъусын кодта Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьев.
"УГТ æнæпилотон тæхæг аппаратты атакæ æрцыд компани Мираторгы паркæйы цур. Ацы ран амард 38-аздзыд нæлгоймаг, хъахъхъæнæг. Ноджы дыууæ адæймаджы райстой цæфтæ – 50-аздзыд нæлгоймаджы бакодтой Видныйы рынчындоны реанимацион хайадмæ сæры цæфимæ, 44-аздзыд нæлгоймаг та ис Домодедовайы рынчындоны. Хъыгагæн, рынчындоны фæзиан сты дыууæ нæлгоймаг дæр", - ныффыста губернатор йæ телеграм-каналы.
Афтæ ма Котляковойы хъæуы зиан баййæфта 43-аздзыд сылгоймаг, уый ис уæззау увæры. Раменскийы та медицинон æххуысмæ бадзырдтой фондз адæймаджы, фæлæ сæ госпитализаци нæ бахъуыд. Афтæ ма æнæпилотон тæхæг аппаратты хæйтты æрхауынæй фæзынд зынгсирвæзт Домодедовайы парковкæйы æмæ дзы басыгъд 20 хæдтулгæйы бæрц.
Андрей Воробьев бафтыдта, зæгъгæ, фæмардуæвджыты бинонтæн бафиддзысты фæйнæ иу милуан сомы бæрц, фæцæфуæвджытæ та райсдзысты 100-йæ 500 мин сомы онг.
Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады райсомæй фехъусын кодтой, ивгъуыд æхсæвы дæргъы уæлдæфон хъъахъхъæнынады фæрæзтæ кæй скуынæг кодтой 337 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.