https://sputnik-ossetia.com/20250311/uarase-ama-rkhi-kulturayy-ministrta-ardzyrdtoy-kulturayy-rayraztyl-32310412.html
Уӕрӕсе ӕмӕ РХИ культурӕйы министртӕ ӕрдзырдтой культурӕйы райрӕзтыл
Уӕрӕсе ӕмӕ РХИ культурӕйы министртӕ ӕрдзырдтой культурӕйы райрӕзтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министртӕ Ольга Любимова ӕмӕ Зӕгъойты Рада бафыстой РХИ культурӕйы уагдӕтты... 11.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-11T11:19+0300
2025-03-11T11:19+0300
2025-03-11T11:19+0300
хуссар ирыстоны
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
культурӕ
аивад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0a/32308076_0:3:800:453_1920x0_80_0_0_b5ebe7269a5c690826927ffe4f16cbf0.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министртӕ Ольга Любимова ӕмӕ Зӕгъойты Рада бафыстой РХИ культурӕйы уагдӕтты архайды эффективондзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нывӕст.Дыууӕ уагдоны сӕргълӕуджыты кусӕгон фембӕлд ацыд Мӕскуыйы. Министртӕ ма ӕрдзырдтой Стыр Уӕлахизы 80 азы юбилейӕн нывонд мадзӕлттыл, кадрты цӕттӕкӕнынад ӕмӕ историон бынты объектты реставрацийыл.Фембӕлды дыккаг пункт уыд Уӕлахизы 80 азы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты нывӕст. Уымӕ гӕсгӕ хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг сфӕлдыстадон коллективтӕ ӕмӕ культурӕйы архайджытӕ хайад исдзысты Уӕлахизы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты дыууӕ бӕстӕйы территорийыл.Уӕлдай хъусдард ма уыд здӕхт хуссарирыстойнаг музейты архайдмӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/03/0a/32308076_0:0:800:600_1920x0_80_0_0_d4da7f82f4630da54f600a9dcb2afecf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, культурӕ, аивад
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, культурӕ, аивад
Уӕрӕсе ӕмӕ РХИ культурӕйы министртӕ ӕрдзырдтой культурӕйы райрӕзтыл
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы министртӕ Ольга Любимова ӕмӕ Зӕгъойты Рада бафыстой РХИ культурӕйы уагдӕтты архайды эффективондзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нывӕст.
Дыууӕ уагдоны сӕргълӕуджыты кусӕгон фембӕлд ацыд Мӕскуыйы. Министртӕ ма ӕрдзырдтой Стыр Уӕлахизы 80 азы юбилейӕн нывонд мадзӕлттыл, кадрты цӕттӕкӕнынад ӕмӕ историон бынты объектты реставрацийыл.
"Культурӕйы уагдӕтты архайды эффективондзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ нӕ хауы традицион оптимизаци. Уый здӕхт у ӕнӕэффективон культурон уагдӕтты реорганизацимӕ, уыдон ӕрбаиу кӕндзысты егъау ӕмӕ ӕнтыстджын структурӕтӕм", - загъта Зӕгъойты Рада Sputnik-ӕн.
Фембӕлды дыккаг пункт уыд Уӕлахизы 80 азы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты нывӕст. Уымӕ гӕсгӕ хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг сфӕлдыстадон коллективтӕ ӕмӕ культурӕйы архайджытӕ хайад исдзысты Уӕлахизы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты дыууӕ бӕстӕйы территорийыл.
Уӕлдай хъусдард ма уыд здӕхт хуссарирыстойнаг музейты архайдмӕ.