https://sputnik-ossetia.com/20250313/fs-ne-ruagta-skhkhst-knyn-terakt-so-yy-khayadisdzhyty-nykhm-32343724.html
ФÆС не ‘руагъта сæххæст кæнын теракт СÆО-йы хайадисджыты ныхмæ
ФÆС не ‘руагъта сæххæст кæнын теракт СÆО-йы хайадисджыты ныхмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ æрцахста Уæрæсейы 23-аздзыд æмбæстаджы, уый фæнд кодта сæххæст кæнын теракттæ сæрмагонд... 13.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-13T12:25+0300
2025-03-13T12:25+0300
2025-03-13T12:25+0300
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/126/91/1269125_0:299:2577:1749_1920x0_80_0_0_da54f17d22f2db48a9d6595561ade660.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ æрцахста Уæрæсейы 23-аздзыд æмбæстаджы, уый фæнд кодта сæххæст кæнын теракттæ сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæ æмæ паддзахадон службæгæнджыты ныхмæ Украинæйы сæрмагонд службæты фæдзæхстмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой уагдоны æхсæнадон бастдзинæдты Центры.Уагдоны информацимæ гæсгæ, Челябинскы аэропорты басгæрсты рæстæджы ссардтой æрвитæггæгтæ хиарæзт рæмудзæн æрмæджытимæ.Афтæ ма ФÆС кусджытæ ссардтой ноджы иу æмбæхсæн.Уымæй дарддæр фарон фыдгæнæг Украинæйæ кураторы хæслæвæрдмæ гæсгæ æмбырд кодта информаци уæрæсейаг æфсæддонты тыххæй Саратовы областы горæт Энгельсы æмæ Екатеринбурджы хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы куыстуæтты кусджыты фæдыл.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/126/91/1269125_0:58:2577:1991_1920x0_80_0_0_8d93326d963a9b32f71fa23765945663.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
ФÆС не ‘руагъта сæххæст кæнын теракт СÆО-йы хайадисджыты ныхмæ
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ æрцахста Уæрæсейы 23-аздзыд æмбæстаджы, уый фæнд кодта сæххæст кæнын теракттæ сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæ æмæ паддзахадон службæгæнджыты ныхмæ Украинæйы сæрмагонд службæты фæдзæхстмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой уагдоны æхсæнадон бастдзинæдты Центры.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Челябинскы аэропорты басгæрсты рæстæджы ссардтой æрвитæггæгтæ хиарæзт рæмудзæн æрмæджытимæ.
"Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы Свердловскы областы горæт Первоуральскоейы æрцахстой Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаджы, уый украинæйаг сæрмагонд службæты фæдзæхстмæ гæсгæ 2025 азы марты райста Челябинскы æфтауцтæй ацы æрвитæггæгтæ æмæ сæ арвыста "Почта России"-йы уылты æфсæддонтæ æмæ хицауады органты минæвæрттæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма ФÆС кусджытæ ссардтой ноджы иу æмбæхсæн.
Уымæй дарддæр фарон фыдгæнæг Украинæйæ кураторы хæслæвæрдмæ гæсгæ æмбырд кодта информаци уæрæсейаг æфсæддонты тыххæй Саратовы областы горæт Энгельсы æмæ Екатеринбурджы хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы куыстуæтты кусджыты фæдыл.