https://sputnik-ossetia.com/20250319/khipu-yy-raydydta-ulakhizy-80-azy-yubileyy-tsytn-gom-lektsity-tsikl-32446091.html
ХИПУ-йы райдыдта Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн гом лекциты цикл
ХИПУ-йы райдыдта Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн гом лекциты цикл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн фыццаг гом... 19.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-19T15:10+0300
2025-03-19T15:10+0300
2025-03-19T15:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
стыр фыдыбæстон хæст
стыр уӕлахиз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/09/28975588_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_0d42bd90445300d0d469a8ebe2205793.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн фыццаг гом лекцитæ Цхинвалы æхсæзæм æмæ æртыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæн.ХИПУ-йы зонады хайады хистæр Бикъойты Ирина радзырдта Sputnik-æн, университеты ахуыргæнджытæ кæй ауагътой лекцитæ 8-10 кълæсты ахуырдзаутæн.Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъоладзаутæ стыр цымыдисимæ хъуыстой лекцитæм æмæ активон хайад истой баныхасы. Лекциты фæстæ скъоладзаутæн ауагътой экскурси ХИПУ-йы музейы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад, стыр фыдыбæстон хæст, стыр уӕлахиз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад, стыр фыдыбæстон хæст, стыр уӕлахиз
ХИПУ-йы райдыдта Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн гом лекциты цикл
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн фыццаг гом лекцитæ Цхинвалы æхсæзæм æмæ æртыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæн.
ХИПУ-йы зонады хайады хистæр Бикъойты Ирина радзырдта Sputnik-æн, университеты ахуыргæнджытæ кæй ауагътой лекцитæ 8-10 кълæсты ахуырдзаутæн.
"Ахсджиаг у, цæмæй сывæллæттæ раст æмбарой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цаутæ, сæйраджыдæр, нырыккон дуджы. Ахæм лекцитæ æххуыс кæнынц скъоладзаутæн, цæмæй сын уа историон мысынад æмæ дунеæмбарынад", - загъта Бикъойты Ирина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъоладзаутæ стыр цымыдисимæ хъуыстой лекцитæм æмæ активон хайад истой баныхасы. Лекциты фæстæ скъоладзаутæн ауагътой экскурси ХИПУ-йы музейы.