https://sputnik-ossetia.com/20250321/khussar-iry-araztady-ministrady-radzyrdtoy-2025-azma-kuystyty-nyvastyl-32471428.html
Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой 2025 азмӕ куыстыты нывӕстыл
Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой 2025 азмӕ куыстыты нывӕстыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрад ацы аз фӕнд кӕны хӕрзарӕзт скӕнын столицӕйы фараст уынджы, фехъусын кодта... 21.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-21T10:00+0300
2025-03-21T10:00+0300
2025-03-21T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/0b/30948831_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_946c1cf14dd997ae709d3b00f1f9ba60.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрад ацы аз фӕнд кӕны хӕрзарӕзт скӕнын столицӕйы фараст уынджы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн уагдоны пресс-секретарь Хуыгаты Юнона.Хуыгаты Юнона радзырдта, куыстытӕ дарддӕр кӕй цӕуынц дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы, афтӕ ма бирӕфатерон хӕдзары Ирӕтты уынгыл Цхинвалы.Пресс-секретарь бафтыдта, зӕгъгӕ, хорз боныгъӕд куы ӕрлӕууа, уӕд арӕзтады министрад бавналдзӕн куыстытӕм Инвестпрограммӕйы ӕндӕр объекттыл дӕр – донвӕд Едыс-Цхинвал, дӕлстанц "Дробилка" ӕмӕ сабидоны микрорайон Царзы.Хуыгаты Юнона бахахх кодта, уагдонӕн кӕй нӕй проблемӕтӕ кусӕгон тых ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/0b/30948831_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_5169496a32c285886ac0f2563593b7fd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой 2025 азмӕ куыстыты нывӕстыл
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрад ацы аз фӕнд кӕны хӕрзарӕзт скӕнын столицӕйы фараст уынджы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн уагдоны пресс-секретарь Хуыгаты Юнона.
"Уыдон сты Кочысаты Розайы уынг (нефтебазӕйӕ автовокзалы онг), Шаумяны, Уанаты, Дзугаты, Чернышевскийы, Маяковскийы, Ӕфсӕнвӕндагон, Галаты Борисы ӕмӕ Бушы уынгтӕ. Ацы объектты ивд цӕуынц инженерон коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та сӕххӕст кӕндзысты хӕрзарӕзтадон куыстытӕ", - загъта пресс-секретарь.
Хуыгаты Юнона радзырдта, куыстытӕ дарддӕр кӕй цӕуынц дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы, афтӕ ма бирӕфатерон хӕдзары Ирӕтты уынгыл Цхинвалы.
Пресс-секретарь бафтыдта, зӕгъгӕ, хорз боныгъӕд куы ӕрлӕууа, уӕд арӕзтады министрад бавналдзӕн куыстытӕм Инвестпрограммӕйы ӕндӕр объекттыл дӕр – донвӕд Едыс-Цхинвал, дӕлстанц "Дробилка" ӕмӕ сабидоны микрорайон Царзы.
Хуыгаты Юнона бахахх кодта, уагдонӕн кӕй нӕй проблемӕтӕ кусӕгон тых ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытимӕ.