https://sputnik-ossetia.com/20250321/leningory-rayony-ssardtoy-sao-yy-zonayy-famarduavag-khaston-driaty-envery-rukhs-nom-32477184.html
Ленингоры районы ссардтой СӔО-йы зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Дриаты Энверы рухс ном
Ленингоры районы ссардтой СӔО-йы зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Дриаты Энверы рухс ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Орчъосаны астӕуккаг скъолайы ссардтой хистӕр лейтенант Дриаты Энверы рухс ном, уый... 21.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-21T16:30+0300
2025-03-21T16:30+0300
2025-03-21T17:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28949206_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_551fc3a437df54e924d056e2c1129530.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Орчъосаны астӕуккаг скъолайы ссардтой хистӕр лейтенант Дриаты Энверы рухс ном, уый фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-службӕйы хистӕр Кокойты Анжела.Дриаты Энверыл 20 марты сӕххӕст уыдаид 33 азы. Цы скъолайы ахуыр кодта, уым ӕрмбырд сты ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хъайтары хиуӕттӕ, афтӕ ма районы къухдариуӕгад Уалыты Муртазы сӕргълӕудӕй. Уыдон ссардтой хъайтары ном иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ. Скъоладзаутӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ хъайтардзинады тыххӕй.Орчъосаны астӕуккаг скъолайӕн 2023 азы президент Гаглойты Аланы барамындӕй радтой Дриаты Энверы ном.Хистӕр лейтенант Дриаты Энвер фӕмард 2022 азы 28 октябры карз тохты рӕстӕджы Донбассы. Стыр хъӕбатырдзинад равдисыны тыххӕй хъайтары мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хъӕбатырдзинады орденӕй, Цӕгат Ирыстоны майданӕй "Во славу Осетии" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн".
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28949206_106:0:1232:844_1920x0_80_0_0_887d490ba064477d13d2e88ca67a6ec2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Ленингоры районы ссардтой СӔО-йы зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Дриаты Энверы рухс ном
16:30 21.03.2025 (Ранӕуӕггонд: 17:21 21.03.2025) ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Орчъосаны астӕуккаг скъолайы ссардтой хистӕр лейтенант Дриаты Энверы рухс ном, уый фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-службӕйы хистӕр Кокойты Анжела.
Дриаты Энверыл 20 марты сӕххӕст уыдаид 33 азы. Цы скъолайы ахуыр кодта, уым ӕрмбырд сты ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хъайтары хиуӕттӕ, афтӕ ма районы къухдариуӕгад Уалыты Муртазы сӕргълӕудӕй. Уыдон ссардтой хъайтары ном иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ. Скъоладзаутӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ хъайтардзинады тыххӕй.
"Дриаты Энверы хуызӕн хъайтарты мах хъуыды кӕндзыстӕм ӕнустӕм. Уыдон сты Райгуырӕн бӕстӕйӕн службӕйы дӕнцӕг фидӕны фӕлтӕртӕн", - банысан кодта районы сӕргълӕууӕг Уалыты Муртаз.
Орчъосаны астӕуккаг скъолайӕн 2023 азы президент Гаглойты Аланы барамындӕй радтой Дриаты Энверы ном.
Хистӕр лейтенант Дриаты Энвер фӕмард 2022 азы 28 октябры карз тохты рӕстӕджы Донбассы. Стыр хъӕбатырдзинад равдисыны тыххӕй хъайтары мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хъӕбатырдзинады орденӕй, Цӕгат Ирыстоны майданӕй "Во славу Осетии" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн".