https://sputnik-ossetia.com/20250321/tskhinvaly-administratsi-snog-kodta-uyngta-araztadon-armadzhytay-afsnayyny-kuystyta-32471564.html
Цхинвалы администраци сног кодта уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны куыстытӕ
Цхинвалы администраци сног кодта уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны куыстытӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан бахӕс кодта йӕ дӕлбар организацитӕн фидӕн къуырийӕ сног кӕнын уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны... 21.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-21T11:08+0300
2025-03-21T11:08+0300
2025-03-21T11:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвалы администраци
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/11/15564054_0:2:1441:812_1920x0_80_0_0_bb878a478215ba1cdfcd477071f47ab0.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан бахӕс кодта йӕ дӕлбар организацитӕн фидӕн къуырийӕ сног кӕнын уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны куыстытӕ, фехъусын кодта горӕты администрацийы пресс-службӕ.Афтӕ ма горӕты администраци цӕттӕ кӕны хъӕппӕрис, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной ивартӕ мулкъ халыны тыххӕй.Уымӕй дарддӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ тротуартӕй ласдзысты хӕлд автотранспорт.Рабадты рӕстӕджы радзырдтой горӕты хӕрзарӕзтады нывӕстыты тыххӕй дӕр, бафтыдтой пресс-службӕйы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/11/15564054_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_869d349e2e530a3391ff63d92d98a5e0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы администраци
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвалы администраци
Цхинвалы администраци сног кодта уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны куыстытӕ
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан бахӕс кодта йӕ дӕлбар организацитӕн фидӕн къуырийӕ сног кӕнын уынгтӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ӕфснайыны куыстытӕ, фехъусын кодта горӕты администрацийы пресс-службӕ.
"Мах фаг рӕстӕг радтам, цӕмӕй цӕрджытӕ айсой арӕзтадон ӕрмӕджытӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ тротуартӕй. МХМ минӕвӕрттимӕ иумӕ мах райдайдзыстӕм ласын алцыдӕр нӕхӕдӕг. Горӕты уынд чи хала, уыдон хъуамӕ баййафой ӕмбӕлон ӕфхӕрд", - загъта Гӕбӕраты Алан рабадты рӕстӕджы.
Афтӕ ма горӕты администраци цӕттӕ кӕны хъӕппӕрис, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной ивартӕ мулкъ халыны тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ тротуартӕй ласдзысты хӕлд автотранспорт.
Рабадты рӕстӕджы радзырдтой горӕты хӕрзарӕзтады нывӕстыты тыххӕй дӕр, бафтыдтой пресс-службӕйы.