https://sputnik-ossetia.com/20250325/tasoyty-inal-skhyzt-duneon-reytingy-brzonddr-bynatm-32512202.html
Тасойты Инал схызт дунеон рейтингы бæрзонддæр бынатмæ
Тасойты Инал схызт дунеон рейтингы бæрзонддæр бынатмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Ирон дзюдоист Тасойты Инал схызт IJF (Дзюдойы æхсæнадæмон федерацийы) дунеон рейтингы фыццаг бынатмæ. 25.03.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-03-25T12:49+0300
2025-03-25T12:49+0300
2025-03-25T12:49+0300
хуссар ирыстоны
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/487/42/4874293_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_b9cab528e35e96fb4859b5fe406e36a7.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Ирон дзюдоист Тасойты Инал схызт IJF (Дзюдойы æхсæнадæмон федерацийы) дунеон рейтингы фыццаг бынатмæ.Хуыздæр спортсменты номхыгъды кадджындæр рæнхъ бацахста, "Большой Шлем"-ы турниры куы фæуæлахиз, уый фæстæ. Уым йæ рейтингыл бафтыд иу мин баллы. Æдæппæтæй йын ныртæккæ ис 5800 баллы. Дыккаг бынатыл цæуæг хуссаркорейаг спортсменæн ис 180 баллы къаддæр (5620).Иннæ ирон дзюдоист, Парижы Олимпаг хъæзтыты чемпион Коцойты Зелим кæд фарон сæрдæй æхсæнадæмон турнирты нæ архайы, уæддæр рейтингы фыццаг рæнхъ никæмæн радта (100 кг онг уæзы категорийы). Ис ын 6112 баллы. Дыккаг бынат чи ахсы, уыцы уæрæсейаг спортсмен Матвей Каниковскийæн ис 1012 баллы къаддæр (5100).
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/487/42/4874293_258:0:1698:1080_1920x0_80_0_0_d73fe545bcb2aa2a3aef1dcaf1ce0a61.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Тасойты Инал схызт дунеон рейтингы бæрзонддæр бынатмæ
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Ирон дзюдоист Тасойты Инал схызт IJF (Дзюдойы æхсæнадæмон федерацийы) дунеон рейтингы фыццаг бынатмæ.
Хуыздæр спортсменты номхыгъды кадджындæр рæнхъ бацахста, "Большой Шлем"-ы турниры куы фæуæлахиз, уый фæстæ. Уым йæ рейтингыл бафтыд иу мин баллы. Æдæппæтæй йын ныртæккæ ис 5800 баллы. Дыккаг бынатыл цæуæг хуссаркорейаг спортсменæн ис 180 баллы къаддæр (5620).
Иннæ ирон дзюдоист, Парижы Олимпаг хъæзтыты чемпион Коцойты Зелим кæд фарон сæрдæй æхсæнадæмон турнирты нæ архайы, уæддæр рейтингы фыццаг рæнхъ никæмæн радта (100 кг онг уæзы категорийы). Ис ын 6112 баллы. Дыккаг бынат чи ахсы, уыцы уæрæсейаг спортсмен Матвей Каниковскийæн ис 1012 баллы къаддæр (5100).