Хуссар Иры Ленингоры районы райдыдта ӕфсӕддон цыртыты егъау реставраци
10:06 02.04.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:45 02.04.2025)
© Photo : Пресс-служба Ленингорского района РЮОХуссар Иры Ленингоры районы райдыдта ӕфсӕддон цыртыты егау реставраци

© Photo : Пресс-служба Ленингорского района РЮО
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы райдыдта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цыртыты егъау реставраци. Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ ӕппӕт мемориалтӕ сцалцӕг кӕндзысты, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы пресс-службӕйы разамонӕг Кокойты Анжела.
"Районы администрацийы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты хайад сорганизаци кодта волонтерты бынӕттон цӕрджытӕй, уыдон цыртытӕ сыгъдӕг кӕнынц, ахорынц, цалцӕг кӕнынц, афтӕ ма бафснайынц сӕ алыварс территори", - радзырдта Кокойты Анжела.
Реставрацийы фыццаг объект у районы ӕртӕ мин фӕмардуӕвӕг цӕрӕгӕн нывонд мемориал.
© Photo : Пресс-служба Ленингорского района РЮОХуссар Иры Ленингоры районы райдыдта ӕфсӕддон цыртыты егау реставраци

Хуссар Иры Ленингоры районы райдыдта ӕфсӕддон цыртыты егау реставраци
© Photo : Пресс-служба Ленингорского района РЮО
"Куыстытӕ уагъд цӕуынц лӕмбынӕгӕй. Мах фӕнд кӕнӕм среставраци кӕнын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕппӕт цыртытӕ Ленингоры районы", - бахахх кодта районы администрацийы сӕргълӕууӕг Уалыты Муртаз.
Цалцӕггонд мемориалтӕ уыдзысты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты ахсджиаг хай.