https://sputnik-ossetia.com/20250408/khussar-iry-ardzyrdtoy-investprogrammayy-realizatsiyy-farstytyl-32699732.html
Хуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытыл
Хуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта рабадт 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл. 08.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-08T14:58+0300
2025-04-08T14:58+0300
2025-04-08T16:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
арӕзтад
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/0c/25620762_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_3f73211df16e0013533890a5f1bcb865.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта рабадт 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл.Мадзалы ма хайад райстой республикӕйы премьер-министр Джуссойты Константин ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан.Арӕзтады министр Цоциты Зауыр ӕмӕ нардуатон организациты разамонджытӕ радзырдтой паддзахады сӕргълӕууӕгӕн Инвестпрограммӕйы къорд объекты арӕзтады тыххӕй, сӕ нымӕцы донвӕд Едыс-Цхинвал, Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы ног корпус, сабидон микрорайон Царзы ӕмӕ хид Хъорнисы хъӕуы.Нысангонд ӕрцыд, куыстытӕ объектты кӕй цӕуынц активон темптӕй ӕмӕ графикмӕ гӕсгӕ. Царзы сабидоны арӕзтад фӕуыдзӕн майы, донвӕд Едыс-Цхинвал ӕмӕ Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад та фидӕн къуыриты дӕргъы, боныгъӕд куы фӕхуыздӕр уа, уӕд.Президент бахахх кодта, куыстыты рӕстӕджы кӕй нӕ хъӕуы рох кӕнын проектон ӕмӕ хыгъдлӕвӕрдон документацийы раст арӕзтад.Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта премьер-министр Джуссойты Константинӕн райсын ацы фарст йӕ контролы бынмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/0c/25620762_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_ae2eb7367c8a2f232dc70b05ad892882.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, арӕзтад, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, арӕзтад, хуссар иры хицауад
Хуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытыл
14:58 08.04.2025 (Ранӕуӕггонд: 16:00 08.04.2025) ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта рабадт 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл.
Мадзалы ма хайад райстой республикӕйы премьер-министр Джуссойты Константин ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан.
Арӕзтады министр Цоциты Зауыр ӕмӕ нардуатон организациты разамонджытӕ радзырдтой паддзахады сӕргълӕууӕгӕн Инвестпрограммӕйы къорд объекты арӕзтады тыххӕй, сӕ нымӕцы донвӕд Едыс-Цхинвал, Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы ног корпус, сабидон микрорайон Царзы ӕмӕ хид Хъорнисы хъӕуы.
Нысангонд ӕрцыд, куыстытӕ объектты кӕй цӕуынц активон темптӕй ӕмӕ графикмӕ гӕсгӕ. Царзы сабидоны арӕзтад фӕуыдзӕн майы, донвӕд Едыс-Цхинвал ӕмӕ Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад та фидӕн къуыриты дӕргъы, боныгъӕд куы фӕхуыздӕр уа, уӕд.
Президент бахахх кодта, куыстыты рӕстӕджы кӕй нӕ хъӕуы рох кӕнын проектон ӕмӕ хыгъдлӕвӕрдон документацийы раст арӕзтад.
"Документтӕ раст ӕмӕ рӕстӕгыл арӕзт куы нӕ ӕрцӕуынц, уӕд нӕ куыст дӕр фӕвӕййы дзӕгъӕлы", - банысан кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта премьер-министр Джуссойты Константинӕн райсын ацы фарст йӕ контролы бынмӕ.