https://sputnik-ossetia.com/20250408/rkhi-tykhon-strukturaty-razamondzhyta-radzyrdtoy-gagloyty-alanan-2025-azy-kuysty-tykhkhay-32696671.html
РХИ тыхон структурӕты разамонджытӕ радзырдтой Гаглойты Аланӕн 2025 азы куысты тыххӕй
РХИ тыхон структурӕты разамонджытӕ радзырдтой Гаглойты Аланӕн 2025 азы куысты тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццӕджы ауагъта уынаффӕйы ӕмбырд тыхон структурӕты разамонджытимӕ ӕмӕ... 08.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-08T12:22+0300
2025-04-08T12:22+0300
2025-04-08T12:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/08/32693994_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_ab6f60a784e8ef0f405c028f0ed45f66.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццӕджы ауагъта уынаффӕйы ӕмбырд тыхон структурӕты разамонджытимӕ ӕмӕ байхъуыста республикӕйы 2025 азы фыццаг кварталы криминогенон уавӕры фӕдыл хыгъдлӕвӕрдтӕм. Афтӕ ма рабадты хайад райстой парламенты спикер Мӕргъиты Алан ӕмӕ премьер-министр Джуссойты Константин.Сӕ куысты фӕдыл докладтимӕ ралӕууыдысты генпрокурор Собаты Григорий, мидхъуыддӕгты министр Гуыцмӕзты Алан ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим.Паддзахады сӕргълӕууӕг уӕлдай хъусдард аздӕхта алыгъуызон наркотикон буарадты парахат ӕмӕ реализацийы проблемӕмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, наркодиллерты цӕсгӕмттӕ хъӕуы ӕвдисын республикӕйы цӕрджытӕн.Хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сабанты Иналы доклады размӕ журналисттӕй ракуырдтой ссӕрибар кӕнын зал, ӕмӕ рабадт адарддӕр ӕхгӕд дуӕрттимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/08/32693994_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_12b74d446698a308f1c53e3c04e8049c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
РХИ тыхон структурӕты разамонджытӕ радзырдтой Гаглойты Аланӕн 2025 азы куысты тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццӕджы ауагъта уынаффӕйы ӕмбырд тыхон структурӕты разамонджытимӕ ӕмӕ байхъуыста республикӕйы 2025 азы фыццаг кварталы криминогенон уавӕры фӕдыл хыгъдлӕвӕрдтӕм. Афтӕ ма рабадты хайад райстой парламенты спикер Мӕргъиты Алан ӕмӕ премьер-министр Джуссойты Константин.
Сӕ куысты фӕдыл докладтимӕ ралӕууыдысты генпрокурор Собаты Григорий, мидхъуыддӕгты министр Гуыцмӕзты Алан ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим.
Паддзахады сӕргълӕууӕг уӕлдай хъусдард аздӕхта алыгъуызон наркотикон буарадты парахат ӕмӕ реализацийы проблемӕмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, наркодиллерты цӕсгӕмттӕ хъӕуы ӕвдисын республикӕйы цӕрджытӕн.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы уӕлӕмхас мадзал уыдзӕн эффективон. Ӕндӕра цыфӕнды мадзӕлттӕ ма исӕм, уӕддӕр наркодиллерты нымӕц нӕ къаддӕр кӕны. Сӕ цӕсгӕмттӕ сын ӕхсӕнадӕн куы райдайӕм ӕвдисын, уӕд уыдон чи зоны ахъуыды кӕной, цы аразынц, ууыл", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сабанты Иналы доклады размӕ журналисттӕй ракуырдтой ссӕрибар кӕнын зал, ӕмӕ рабадт адарддӕр ӕхгӕд дуӕрттимӕ.