https://sputnik-ossetia.com/20250409/gagloyty-alan-basgrsta-nuson-arty-memorialy-rekonstruktsiyy-fdyl-arztadon-kuystyt-32717720.html
Гаглойты Алан басгæрста Æнусон арты мемориалы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ
Гаглойты Алан басгæрста Æнусон арты мемориалы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы инспекцион балцы фæлгæтты басгæрста Цхинвалы Æнусон арт æмæ... 09.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-09T13:10+0300
2025-04-09T13:10+0300
2025-04-09T13:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
арӕзтад
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/09/32727796_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_2a55ba1c507ebdbb99894c42ed45a25d.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы инспекцион балцы фæлгæтты басгæрста Цхинвалы Æнусон арт æмæ Хъайтарты Аллейы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ. Падзахады сæргълæууæгимæ уыдысты республикæйы арæзтады министр Цоциты Зауыр æмæ Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан.Гаглойты Аланæн радзырдтой, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ арæзтадон æрмæджыты цухдзинад нæй. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, иунæг проблемæ у æвзæр боныгъæд.Президент бахахх кодта, ахсджиаг кæй у куыстытæ рæстæгыл фæуын, цæмæй мемориал цæттæ уа Стыр Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм.Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан бафтыдта, зæгъгæ, обелискы реконструкцийæ дарддæр фæнд кæнынц хæрзарæзт скæнын монументтæ Хъайтарты Аллейы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/09/32727796_216:0:2947:2048_1920x0_80_0_0_0bebde2f6009a3f594cdbe5ff03303ec.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, арӕзтад, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, арӕзтад, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
Гаглойты Алан басгæрста Æнусон арты мемориалы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы инспекцион балцы фæлгæтты басгæрста Цхинвалы Æнусон арт æмæ Хъайтарты Аллейы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ. Падзахады сæргълæууæгимæ уыдысты республикæйы арæзтады министр Цоциты Зауыр æмæ Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан.
Гаглойты Аланæн радзырдтой, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ арæзтадон æрмæджыты цухдзинад нæй. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, иунæг проблемæ у æвзæр боныгъæд.
Президент бахахх кодта, ахсджиаг кæй у куыстытæ рæстæгыл фæуын, цæмæй мемориал цæттæ уа Стыр Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм.
"Ацы аз мах нысан кæнæм егъау датæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилей. Уый фæдыл мах хъуамæ фæуæм реконструкци 9 маймæ. Махæн нæ хæс у хъуыды кæнын нæ истори", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан бафтыдта, зæгъгæ, обелискы реконструкцийæ дарддæр фæнд кæнынц хæрзарæзт скæнын монументтæ Хъайтарты Аллейы.