00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
11 Мин
Утро на Спутнике
08:44
15 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
В центре событий
17:34
26 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главне темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы: равдысттӕ ӕмӕ тымбыл фынг

© Photo : facebook / Радион ПухаевПухаты Радион
Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Европӕйы Ирыстоны культурӕйы бонты организатортӕ фӕнд кӕнынц ауадзын тымбыл фынг, равдысттӕ дыууӕ горӕты, ирон режиссеры аивадон киноныв ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ирон хайадисджыты тыххӕй документалон сюжеты равдыст. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта ӕхсӕнадӕмон ӕнӕкоммерцион ассоциаци "Renaissance Sandidzan" ("Сӕндидзӕн") сӕргълӕууӕг Пухаты Радион.
"Программӕйы ис тымбыл фынг "Диалог культур", Цӕлыгкаты Вадимы фильм "Мой брат, доктор Мольс"-ы равдыст. Афтӕ ма равдисдзыстӕм документалон сюжет Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ирон хайадисджыты тыххӕй, слайд-шоу ӕмӕ роликтӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны тыххӕй. Ӕмӕ ма дзы ӕнӕмӕнг уыдзысты ирон уӕливыхтӕ" - загъта Пухаты Радион.
Ныры политикон уавӕры тыххӕй организатортӕн ис зындзинӕдтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй хайадисджыты ӕрцыдимӕ.
Равдысты хайад райсдзысты ирон нывгӕнджытӕ алы бӕстӕтӕй: Ӕлборты Лира (Хуссар Ирыстон), Цоциты Роксалана (Греци), Пухаты Вадим (Хуссар Ирыстон), нывгӕнджытӕ Германи, Итали ӕмӕ Латвийӕ. Уыдон хайад райсдзысты тымбыл фынджы дӕр, цы ранмӕ фӕхондзысты Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвӕртты, Цӕгат Ирыстоны националон фарстытӕ ӕмӕ ӕддагон бастдзинӕдты фӕдыл министры, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы ректорты, афтӕ ма экспертты Турк, Израиль, Великобритани, Швеци ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0