https://sputnik-ossetia.com/20250410/khussar-iry-uum-siftong-kandzysty-nog-sarmagond-tekhnikaya-32734408.html
Хуссар Иры УУМ сифтонг кӕндзысты ног сӕрмагонд техникӕйӕ
Хуссар Иры УУМ сифтонг кӕндзысты ног сӕрмагонд техникӕйӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) кусы уӕрӕсейаг профилон уагдонимӕ, цӕмӕй министрад сифтонг кӕной ног сӕрмагонд... 10.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-10T14:38+0300
2025-04-10T14:38+0300
2025-04-10T14:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уум
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/04/26003549_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_3601b1532d744bdc3243d854a553a9e7.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) кусы уӕрӕсейаг профилон уагдонимӕ, цӕмӕй министрад сифтонг кӕной ног сӕрмагонд техникӕйӕ. Уый тыххӕй министр Гассеты Ибрагим радзырдта цыппӕрӕмы президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.Министр ма радзырдта уагдоны куысты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, азы райдайӕнӕй министрад кӕй ацыд фӕсидтӕм 323 хатты.Уагдоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзтты фӕстиуӕгӕн амардысты дыууӕ адӕймаджы, авариты та бахъыгдард сты авд адӕймаджы. Уымӕй дарддӕр регистраци ӕрцыд газӕй фӕхъӕстӕйы цыппар цауы, заин баййӕфтой 10 адӕймаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/04/26003549_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_c4595414ea209f30cbf7a84410b2166b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уум
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уум
Хуссар Иры УУМ сифтонг кӕндзысты ног сӕрмагонд техникӕйӕ
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) кусы уӕрӕсейаг профилон уагдонимӕ, цӕмӕй министрад сифтонг кӕной ног сӕрмагонд техникӕйӕ. Уый тыххӕй министр Гассеты Ибрагим радзырдта цыппӕрӕмы президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Сӕрмагонд техникӕйы ӕрбаласт ӕххӕст цӕудзӕн Уӕрӕсейы Федерациимӕ протоколы бафысты фӕлгӕтты. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм техникӕйы 40 иуӕгмӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.
Министр ма радзырдта уагдоны куысты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, азы райдайӕнӕй министрад кӕй ацыд фӕсидтӕм 323 хатты.
"Ирвӕзынгӕнджытӕ 131 хатты ацыдысты зынгсирвӕзттӕ хуыссын кӕнынмӕ, 19 хатты та – фӕндагон-транспортон цауты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынмӕ. 112 фӕсидты хаудтой техникон ӕххуысмӕ. 18 хатты уагъд цыдысты инженерон-саперон куыстытӕ, дыууӕ хатты та – ирвӕзынгӕнӕн-агурӕн куыстытӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.
Уагдоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзтты фӕстиуӕгӕн амардысты дыууӕ адӕймаджы, авариты та бахъыгдард сты авд адӕймаджы. Уымӕй дарддӕр регистраци ӕрцыд газӕй фӕхъӕстӕйы цыппар цауы, заин баййӕфтой 10 адӕймаджы.