https://sputnik-ossetia.com/20250410/ualyty-chermen-rambyldta-sidakhty-zauyrbedzhy-ama-ssis-evropayy-chempion-32729719.html
Уалыты Чермен рамбылдта Сидахъты Зауырбеджы ӕмӕ ссис Европӕйы чемпион
Уалыты Чермен рамбылдта Сидахъты Зауырбеджы ӕмӕ ссис Европӕйы чемпион
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Чермен рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты Братиславайы (Словаки). 10.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-10T11:20+0300
2025-04-10T11:20+0300
2025-04-10T11:20+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/1b/29219347_0:0:601:338_1920x0_80_0_0_f74ee8899c079aa781a4b6f2e5577a9c.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Чермен рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты Братиславайы (Словаки).Уалыты Чермен ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Албанийы спортивон кад. Финалы уый рамбылдта ӕндӕр ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Сидахъты Зауырбеджы – уый та архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды.Дыууӕ ирон богалы тохы сыгъзӕрин майданыл никӕй фӕндыд фӕстӕмӕ алӕууын. Фӕлӕ тохы ӕхсӕз минуты фӕстӕ тӕрхонгӕнӕджы уӕддӕр бахъуыд схӕцын спортсментӕй иуы къухыл – Уалыты Чермен рамбылдта 4:2 хыгъдӕй. Сидахъты Зауырбег та райста турниры ӕвзист майдан.Уымӕй дарддӕр ноджы дыууӕ ирон спортсмены рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ. Найфонты Артур ӕртыккаг бынатыл тохы рамбылдта Евгений Михалчаны Молдовайӕ 10:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймураз та 74 килограммы уӕзы категорийы бронзӕйон майданыл тохы фӕуӕлахиз Мурад Курамагомедовыл 3:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймуразӕн уый уыд фӕндзӕм майдан фӕд-фӕдыл Европӕйы чемпионатты – уый размӕ цыппар хатты рамбылдта сыгъзӕрин майдантӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/1b/29219347_28:0:561:400_1920x0_80_0_0_7ffc50da6214b71354e23f5e2dfbc27b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Уалыты Чермен рамбылдта Сидахъты Зауырбеджы ӕмӕ ссис Европӕйы чемпион
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Чермен рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты Братиславайы (Словаки).
Уалыты Чермен ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Албанийы спортивон кад. Финалы уый рамбылдта ӕндӕр ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Сидахъты Зауырбеджы – уый та архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды.
Дыууӕ ирон богалы тохы сыгъзӕрин майданыл никӕй фӕндыд фӕстӕмӕ алӕууын. Фӕлӕ тохы ӕхсӕз минуты фӕстӕ тӕрхонгӕнӕджы уӕддӕр бахъуыд схӕцын спортсментӕй иуы къухыл – Уалыты Чермен рамбылдта 4:2 хыгъдӕй. Сидахъты Зауырбег та райста турниры ӕвзист майдан.
Уымӕй дарддӕр ноджы дыууӕ ирон спортсмены рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ. Найфонты Артур ӕртыккаг бынатыл тохы рамбылдта Евгений Михалчаны Молдовайӕ 10:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймураз та 74 килограммы уӕзы категорийы бронзӕйон майданыл тохы фӕуӕлахиз Мурад Курамагомедовыл 3:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймуразӕн уый уыд фӕндзӕм майдан фӕд-фӕдыл Европӕйы чемпионатты – уый размӕ цыппар хатты рамбылдта сыгъзӕрин майдантӕ.