00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
26 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
В центре событий
09:21
8 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Ирон эфир
13:00
60 Мин
Новости
17:00
3 Мин
В центре событий
17:13
17 Мин
Новости
17:30
2 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
26 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Новости

On air
Рафыссын
Зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Сымах хъусут радио Спутник эФэМ-мӕ. Студийы Дыгъуызты Уырызмӕг, республикон ӕмӕ регионалон ног хабӕрттыл афӕлгӕстимӕ. Уӕ бон хорз!
Нӕ рауагъды:
1. Гаглойты Алан бахæс кодта саразын рухс æмæ фæндæгтæ Мæскуыйаг микрорайоны ног хæдзæрттæн
2. Президент фембæлд хуссарирыстйонаг скъоладзаутимæ сæ балцы размæ Армавирмæ
3. Цæгат Иры националон проекттыл бахардз кодтой дыууæ миллиард сомæй фылдæр
Ныр та ацы æмæ æндæр хабæрттыл бæстондæрæй:
1 Цхинвалы Мæскуыйаг микрорайоны цæгаттаг хайы, цы ран фæстаг азты дæргъы сарæзтой ног хæдзæрттæ, фæхуыздæр кæндзысты цæрыны уавæртæ: хæдзæрттæ сифтонг кæндзысты электроэнергийæ æмæ фæхуыздæр кæндзысты фæндæгтæ. Ацы фарстытыл дзырд цыд президент Гаглойты Алан æмæ микрорайоны ацы хайы цæрджыты фембæлды рæстæджы.
Паддзахады сæргълæууæг майрæмбоны президенты администрацийы минæвæрттæ æмæ хицауады уæнгтимæ фембæлд микрорайоны цæрджытимæ, уыдон уый размæ барвыстой фыстæг президентмæ рухсы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.
Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ фехъусын кодтой, мæйы кæронмæ ног хæдзæрттæ кæй баиу кæндзысты электрохызæгтæм.
"Фыццаг нæ фæндыд сæвæрын уыдонæн хицæн транформаторон станц, фæлæ фæстæдæр аскъуыддзаг кодтам паддзахадон ансамбль "Симд"-ы бæстыхайы цур цы трансформаторон станц ис, уый фæивын гуырахстджындæрыл", - загъта сæудæджерад, энергетикæ æмæ транспорты комитеты сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæз.
Афтæ ма Гаглойты Алан бахæс кодта бакусын фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны фарстыл.
2 Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Ленингоры районы скъоладзауты къордимæ, уыдон цæуынц Армавирмæ Форумы хайад райсынмæ, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Балц сорганизаци кодтой Армавиры паддзахадон педагогон университет æмæ Ленингоры районы ахуырады фæткдаруаты æхсæн æмгуыстады бадзырды фæлгæтты. Президенты администраци радта транспорт сывæллæтты балцæн Ленингоры районы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар парти "Ныхас"-ы регионалон хайадмæ куы бадзырдта, уый фæстæ. "Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары 16 хъомылгæнинаджы, афтæ ма Ленингоры районы скъолаты ахуырдзаутæ хайад райсдзысты Армавиры паддзахадон педагогон университеты форумы", - фехъусын кодта балцы инициатор, Армавиры университеты гом ахуырады Центры директор Сергей Багринцев.
3 Цæгат Ирыстоны националон проектты реализацийæн рахицæн кодтой дыууæ миллиард сомæй фылдæр азы фыццаг кварталы, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
"Ацы аз хайад исæм 12 националон проекты, цы ран ис 38 федералон инициативæйы. Финанскæнынады иумæйаг гуырахст у 9,4 миллиард сомы, уыдонæй 2,3 миллиард сомы сты республикон бюджеты фæрæзтæ", - банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.
Сергей Меняйло фехъусын кодта, министрæдты раз кæй æрæвæрдта хæс: адарддæр кæнын активон куыст æпппæт проектты реализацийы фæдыл æмæ цæст дарын рахицæнгонд финансты хардзкæнынадмæ.
Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цхинвалы 12 апрелы уардзæн мит, температурӕ 3 градусы хъарм. Æхсæвы уыдзæн асæст, температурæ… 2 градусы уазал. Дзæуджыхъæуы бонæй уардзæн мит, температурæ 4 градусы хъарм, æхсæвы уыдзæн асæст, температурæ 2 градусы хъарм.
Зынаргъ ӕмбӕлттӕ, ахӕм уыдысты радио Sputnik информацион службæйы бацæттæгонд æрмæджытæ ацы сахатмӕ. Ӕз та уал уын зӕгъын хӕрзбон нæ радон фембæлдмæ 106,3 FM-ыл!!!
Ног хабӕртты лентӕ
0