https://sputnik-ossetia.com/20250417/putin-bafysta-baramynd-rkhi-ambastagtan-bardattag-gakhkhattyta-antsondar-rezhimy-dattyny-fadyl-32837772.html
Путин бафыста барамынд РХИ ӕмбӕстӕгтӕн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы дӕттыны фӕдыл
Путин бафыста барамынд РХИ ӕмбӕстӕгтӕн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы дӕттыны фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад кӕнӕ УФ цӕрыны бары фӕдыл документ кӕмӕ ис, уыдонӕн фадат ис райсын уӕрӕсейаг... 17.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-17T14:57+0300
2025-04-17T14:57+0300
2025-04-17T14:57+0300
уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/01/07/27546139_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_7e828428701541159cd2e7ba928d1ea5.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад кӕнӕ УФ цӕрыны бары фӕдыл документ кӕмӕ ис, уыдонӕн фадат ис райсын уӕрӕсейаг шофырты бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы, дзырдӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамынды.Документ мыхуыр ӕрцыд барадон актты официалон порталы.Ацы категоримӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ хауы, уыдон сӕрибар уыдзысты фӕлварӕнтӕ дӕттынӕй ӕмӕ медицинон басгӕрст рацӕуынӕй. Афтӕ ма уӕрӕсейаг бардӕттӕг гӕххӕттытӕ райсын гӕнӕн уыдзӕн Хуссар Ирыстоны территорийы дӕр.Уымӕй дарддӕр Владимир Путин бахӕс кодта Уӕрӕсейы хицауадӕн, цӕмӕй ссӕрибар кӕной РХИ ӕмбӕстӕгты бардӕттӕг гӕххӕттыты фӕдыл паддзахадон фиддонӕй ӕмӕ бахӕссой ивындзинӕдтӕ УФ закъондӕттынадмӕ, цӕмӕй 2026 азы 1 апрелы онг Уӕрӕсейы территорийыл бар уа скъӕрын транспортон фӕрӕзтӕ хуссарирыстойнаг бардӕттӕг гӕххӕттытимӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/01/07/27546139_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_fa75ee91ab96af865e1e60e05981d0d3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, владимир путин
уӕрӕсейы, хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, владимир путин
Путин бафыста барамынд РХИ ӕмбӕстӕгтӕн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы дӕттыны фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад кӕнӕ УФ цӕрыны бары фӕдыл документ кӕмӕ ис, уыдонӕн фадат ис райсын уӕрӕсейаг шофырты бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы, дзырдӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамынды.
Документ мыхуыр ӕрцыд барадон актты официалон порталы.
Ацы категоримӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ хауы, уыдон сӕрибар уыдзысты фӕлварӕнтӕ дӕттынӕй ӕмӕ медицинон басгӕрст рацӕуынӕй. Афтӕ ма уӕрӕсейаг бардӕттӕг гӕххӕттытӕ райсын гӕнӕн уыдзӕн Хуссар Ирыстоны территорийы дӕр.
Уымӕй дарддӕр Владимир Путин бахӕс кодта Уӕрӕсейы хицауадӕн, цӕмӕй ссӕрибар кӕной РХИ ӕмбӕстӕгты бардӕттӕг гӕххӕттыты фӕдыл паддзахадон фиддонӕй ӕмӕ бахӕссой ивындзинӕдтӕ УФ закъондӕттынадмӕ, цӕмӕй 2026 азы 1 апрелы онг Уӕрӕсейы территорийыл бар уа скъӕрын транспортон фӕрӕзтӕ хуссарирыстойнаг бардӕттӕг гӕххӕттытимӕ.