https://sputnik-ossetia.com/20250417/urseyag-istorion-khsnady-khussarirystoynag-fsivdon-klub-rukhs-taudzn-90-m-azty-tsautyl-32833133.html
Уæрæсейаг историон æхсæнады хуссарирыстойнаг фæсивæдон клуб рухс таудзæн 90-æм азты цаутыл
Уæрæсейаг историон æхсæнады хуссарирыстойнаг фæсивæдон клуб рухс таудзæн 90-æм азты цаутыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Уæрæсейаг историон æхсæнады минæварады фæсивæдон клуб Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базæйыл рухс таудзæн РХИ 90-æм азты... 17.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-17T16:36+0300
2025-04-17T16:36+0300
2025-04-17T16:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хипу
истори
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/11/32832741_0:169:3041:1880_1920x0_80_0_0_b3724fc624530deb24dc3d7072938d1b.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Уæрæсейаг историон æхсæнады минæварады фæсивæдон клуб Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базæйыл рухс таудзæн РХИ 90-æм азты цаутыл, Гуырдзыстоны агрессийыл æмæ Уæрæсейы хайбавæрдыл. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта ХИПУ-йы студентон советы сæрдар æмæ фæсивæдон клубы разамонæг Гобозты Роман.Студентон советы сæрдар бахахх кодта, мадзæлттæ рухс кæй таудзысты Хуссар Ирыстоны 90-æм азты цаутыл, Гуырдзыстоны агрессийыл 2008 азы æмæ Уæрæсейы хайбавæрдыл.Гобозты Романы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ æмбырд цæуы клубы командæ. Клубы бындур уыдзысты историон факультеты студенттæ, фæлæ йе сконды уыдзысты æндæр факультетты студенттæ дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/11/32832741_156:0:2887:2048_1920x0_80_0_0_79dfe33fe965b94f670fbb55b0d0d01d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, истори, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, истори, ахуырад
Уæрæсейаг историон æхсæнады хуссарирыстойнаг фæсивæдон клуб рухс таудзæн 90-æм азты цаутыл
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Уæрæсейаг историон æхсæнады минæварады фæсивæдон клуб Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базæйыл рухс таудзæн РХИ 90-æм азты цаутыл, Гуырдзыстоны агрессийыл æмæ Уæрæсейы хайбавæрдыл. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта ХИПУ-йы студентон советы сæрдар æмæ фæсивæдон клубы разамонæг Гобозты Роман.
"Уæрæсейаг историон æхсæнады æппæт мадзæлттæ здæхт уыдзысты историон мысынады рæзтмæ. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы регион кæй нæу, фæлæ хæдбар паддзахад, уый фæдыл нæ минæварадæн ис уæрæхдæр фадæттæ æхсæнады регионалон хайадтæй. Мадзæлттæ уагъд цæудзысты Мæскуыйæ минæвæртты хайадистæй", - банысан кодта Гобозты Роман.
Студентон советы сæрдар бахахх кодта, мадзæлттæ рухс кæй таудзысты Хуссар Ирыстоны 90-æм азты цаутыл, Гуырдзыстоны агрессийыл 2008 азы æмæ Уæрæсейы хайбавæрдыл.
Гобозты Романы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ æмбырд цæуы клубы командæ. Клубы бындур уыдзысты историон факультеты студенттæ, фæлæ йе сконды уыдзысты æндæр факультетты студенттæ дæр.