https://sputnik-ossetia.com/20250424/tennisist-khtsmzty-alybeg-akhyzt-chellendzher-y-finaly-tsypprm-khaym-32944114.html
Теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы финалы цыппæрæм хаймæ
Теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы финалы цыппæрæм хаймæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы турниры финалы цыппæрæм хаймæ. Ерыс цæуы Кванджуйы, Хуссар... 24.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-24T11:52+0300
2025-04-24T11:52+0300
2025-04-24T12:18+0300
спорт
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/01/30869518_0:98:1111:723_1920x0_80_0_0_36ca25ad8d230bef8764a75270b5f515.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы турниры финалы цыппæрæм хаймæ. Ерыс цæуы Кванджуйы, Хуссар Корейы.Уый размæ къæпхæнтыл Алыбег фæуæлахиз францаг Теренс Атман æмæ япойнаг Рио Ногучийыл. Францы спортсменимæ хъазты фыццаг сет рамбылдта 7:6 хыгъдæй. Уый фæстæ йæ ныхмæлæууæг турнирæй йæхи сисын кодта. Япойнаг теннисистимæ хъазты фыццаг сет фæцис 7:6 хыгъдæй, дыккаг та – 6:4 хыгъдæй. Дыууæ дæр – не мзæххоны пайдайæн.Финалы цыппæрæм хайы Алыбег фембæлдзæн, fвстралиаг Омар Ясик æмæ францаг Антуан Эскоффьейæ тыхджындæр чи разына, уыимæ. Хъазт ацæудзæн майрæмбоны райсомæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/01/30869518_0:88:1111:921_1920x0_80_0_0_23f5ba9cb9dfdfc6424b301cd2e1915f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
спорт, ног хабӕрттӕ
Теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы финалы цыппæрæм хаймæ
11:52 24.04.2025 (Ранӕуӕггонд: 12:18 24.04.2025) ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы турниры финалы цыппæрæм хаймæ. Ерыс цæуы Кванджуйы, Хуссар Корейы.
Уый размæ къæпхæнтыл Алыбег фæуæлахиз францаг Теренс Атман æмæ япойнаг Рио Ногучийыл. Францы спортсменимæ хъазты фыццаг сет рамбылдта 7:6 хыгъдæй. Уый фæстæ йæ ныхмæлæууæг турнирæй йæхи сисын кодта. Япойнаг теннисистимæ хъазты фыццаг сет фæцис 7:6 хыгъдæй, дыккаг та – 6:4 хыгъдæй. Дыууæ дæр – не мзæххоны пайдайæн.
Финалы цыппæрæм хайы Алыбег фембæлдзæн, fвстралиаг Омар Ясик æмæ францаг Антуан Эскоффьейæ тыхджындæр чи разына, уыимæ. Хъазт ацæудзæн майрæмбоны райсомæй.