https://sputnik-ossetia.com/20250428/gagloyty-alan-ssardta-tsinagary-tragediyy-amttgty-nom-32985670.html
Гаглойты Алан ссардта Цъинагары трагедийы амæттæгты ном
Гаглойты Алан ссардта Цъинагары трагедийы амæттæгты ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бацархайдта Цъинагары трагедийы амæттæгты номарæн митинджы, хъусын кæны паддзахады... 28.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-28T16:21+0300
2025-04-28T16:21+0300
2025-04-28T16:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цъинагары трагеди
президент
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1c/32984410_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_aa960471b74d146642e72c63a8a3973c.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бацархайдта Цъинагары трагедийы амæттæгты номарæн митинджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.Митинджы фæстæ президент федта, трагедийы амæттæгты номыл ног цыртдзæвæн кæм хъуамæ сæвæрой, уыцы бынат.1991 азы 28 апрелы гуырдзиаг националисттæ æбуалгъ мард акодтой Ленингоры районы Цъинагары хъæуы æнæхотых цæрджыты. Авд адæймаджы – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Хуыбылты Таймураз æмæ Дудайты Тенгизы фехстой, сæ фос атæрын кæй нæ уагътой, уый тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1c/32984410_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_bf95f5e1494cd5377035201740c4a93c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цъинагары трагеди, президент, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цъинагары трагеди, президент, гаглойты алан
Гаглойты Алан ссардта Цъинагары трагедийы амæттæгты ном
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бацархайдта Цъинагары трагедийы амæттæгты номарæн митинджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Азæй-азмæ кад кæнæм, йæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау йæ цард чи ’рхаста, уыцы хъайтартæн. Нæхи дæнцæгыл мах æвдисæм рæзгæ фæлтæрæн, нæ хæдбардзинад цæуыл амадтам, уый зæрдыл дарын кæй хъæуы", – загъта Гаглойты Алан.
Митинджы фæстæ президент федта, трагедийы амæттæгты номыл ног цыртдзæвæн кæм хъуамæ сæвæрой, уыцы бынат.
1991 азы 28 апрелы гуырдзиаг националисттæ æбуалгъ мард акодтой Ленингоры районы Цъинагары хъæуы æнæхотых цæрджыты. Авд адæймаджы – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Хуыбылты Таймураз æмæ Дудайты Тенгизы фехстой, сæ фос атæрын кæй нæ уагътой, уый тыххæй.