Хуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Михаил Авагимов
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы центры ссардтой 1991 азы 29 апрелы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Фыдохы церемони абон ацыд Дзауы поселочы.
Трагедийӕн нывонд Хуыбиаты Роберты ныв сӕвӕрдтой фӕмардуӕвджыты мемориалы цур. Цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй.
"Ацы ӕрдзон бӕллӕх иууыл фылдӕр бандӕвта Дзауы районыл, фӕлӕ ӕппӕт республикӕ хъуыды кӕны ацы бон. Уӕд ныл ӕрцыд стыр зиан: Хахеты хъӕу зӕххы бын фӕцис, поселок ныппырх ис. Махӕн бар нӕй рох кӕнын ацы бон", - загъта президент.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Хуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
© Sputnik / Михаил Авагимов
Хуссар Ирыстоны 34 азы размӕ ӕрцыд фараст баллы магнитудӕимӕ зӕххӕнкъуыст, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуӕгӕн амардысты 59 адӕймаджы. Дзау ныппырх ис, Хахеты хъӕу зӕххы бын фӕцис. Амӕттӕгты нымӕц уыдаид фылдӕр, поселочы центры массон митингмӕ куы нӕ ацыдаиккой, уӕд.
"Уыцы боны размӕ Гуырдзыйы къухдариуӕгад айстой автономи. Мах сарӕзтам митинг. Йӕ организатор уыд Джиоты Заира. Уый фӕдзырдта алкӕмӕдӕр, сӕ нымӕцы скъоладзаутӕ, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн уыдон фервӕзтысты мӕлӕтӕй", - радзырдта Дзауы цӕрӕг Тыбылты Тотырбег.
Дидинтӕ сӕвӕрыны церемони ацыд Дзауы поселочы скъола-интернаты кӕрты дӕр.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Хуссар Иры ссардтой Дзауы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
© Sputnik / Михаил Авагимов