https://sputnik-ossetia.com/20250429/tskhinvaly-ssardtoy-so-yy-fmarduvg-khston-gbraty-soslany-nom-32996212.html
Цхинвалы ссардтой СÆО-йы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты Сосланы ном
Цхинвалы ссардтой СÆО-йы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты Сосланы ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты... 29.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-29T10:00+0300
2025-04-29T10:00+0300
2025-04-29T12:14+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1c/32993822_0:28:1024:604_1920x0_80_0_0_6bec174b080f1e3861959d64d54e944a.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты Сосланы рухс ном. Мемориалон фæйнæг бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл, цы ран цард хæстон. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйыХъахъхъæнынады министрад.2016 азæй 2023 азмæ Сослан службæ кодта РХИ националон æфсады рæнхъыты, фæлæ 2023 азы аскъуыддзаг кодта барвæндонæй ацæуын СÆО зонæмæ, цæмæй баххуыс кæна йе 'мгæрттæн хæстон хæстæ æххæст кæнын.Президент Гаглойты Аланы барамындæй Гæбæраты Сосланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майданæй.Зынгъуыст хъайтарæн баззадысты дыууæ сабийы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1c/32993822_93:5:919:625_1920x0_80_0_0_2f1ee92e37b8a36fcef14becec5e00d2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Цхинвалы ссардтой СÆО-йы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты Сосланы ном
10:00 29.04.2025 (Ранӕуӕггонд: 12:14 29.04.2025) ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ ссардтой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы фæмардуæвæг хæстон Гæбæраты Сосланы рухс ном. Мемориалон фæйнæг бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл, цы ран цард хæстон. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйыХъахъхъæнынады министрад.
2016 азæй 2023 азмæ Сослан службæ кодта РХИ националон æфсады рæнхъыты, фæлæ 2023 азы аскъуыддзаг кодта барвæндонæй ацæуын СÆО зонæмæ, цæмæй баххуыс кæна йе 'мгæрттæн хæстон хæстæ æххæст кæнын.
Президент Гаглойты Аланы барамындæй Гæбæраты Сосланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майданæй.
Зынгъуыст хъайтарæн баззадысты дыууæ сабийы.