https://sputnik-ossetia.com/20250430/khussar-iry-8000-min-adaymadzhy-barts-khayad-raysdzysty-aktsi-anamalga-polk-y-33019705.html
Хуссар Иры 8000 мин адӕймаджы бӕрц хайад райсдзысты акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы
Хуссар Иры 8000 мин адӕймаджы бӕрц хайад райсдзысты акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Козаты Диана. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвӕг хӕстонты портреттӕ рахӕсдзысты хицӕн блокӕй акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы, фехъусын... 30.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-30T10:00+0300
2025-04-30T10:00+0300
2025-04-30T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/09/28984840_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_857896a70e48c1d546f89251d8b038b2.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Козаты Диана. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвӕг хӕстонты портреттӕ рахӕсдзысты хицӕн блокӕй акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы, фехъусын кодта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз акцийы хайад райсдзысты аст мин адӕймаджы бӕрц. Зӕгъойты Рада бахахх кодта, ивгъуыд азты "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыды столицӕйы хайад нӕ истой республикӕйы районты цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ акцитӕ цыдысты алкӕцы районы дӕр. Ацы аз районтӕ уыдзысты сӕйраг цыды хайадисджытӕ 9 майы Цхинвалы централон фӕзуатыл. Бон раздӕр уыдон ауадздзысты акцитӕ районтры центрты.Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, Культурӕйы министрады ис хӕсты хайадисджыты цалдӕр мин портреты, уыдон ратдзысты акцийы чи рацӕуа, уыдонӕн.Ацы аз дӕр та "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы рахӕсдзысты Хуссар Ирыстоны 1989-2008 азты хӕстон архӕйдтыты хайадисджыты ӕмӕ сӕрмгаонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвджыты къамтӕ.Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл Уӕлахизы Бон рахӕсдзысты Уӕлахизы 30-метрон Тырыса, 20-метрон георгиаг лентӕ, афтӕ ма 40-метрон ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг тырысатӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/09/28984840_84:0:1417:1000_1920x0_80_0_0_01400e31dc5f4e022b15621c1be7cd5d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
Хуссар Иры 8000 мин адӕймаджы бӕрц хайад райсдзысты акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Козаты Диана. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвӕг хӕстонты портреттӕ рахӕсдзысты хицӕн блокӕй акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы, фехъусын кодта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз акцийы хайад райсдзысты аст мин адӕймаджы бӕрц. Зӕгъойты Рада бахахх кодта, ивгъуыд азты "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыды столицӕйы хайад нӕ истой республикӕйы районты цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ акцитӕ цыдысты алкӕцы районы дӕр. Ацы аз районтӕ уыдзысты сӕйраг цыды хайадисджытӕ 9 майы Цхинвалы централон фӕзуатыл. Бон раздӕр уыдон ауадздзысты акцитӕ районтры центрты.
"Мах фӕнды равдисын дунейӕн, цы хайбавӕрд бахаста Хуссар Ирыстон Стыр Уӕлахизы хъуыддагмӕ. Махӕй 21 минӕй фылдӕр адӕймаджы тох кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фронтты. Уыдонӕй се 'рдӕгӕй фылдӕр нал ӕрыздӕхтысты", - банысан кодта министр.
Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, Культурӕйы министрады ис хӕсты хайадисджыты цалдӕр мин портреты, уыдон ратдзысты акцийы чи рацӕуа, уыдонӕн.
Ацы аз дӕр та "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы рахӕсдзысты Хуссар Ирыстоны 1989-2008 азты хӕстон архӕйдтыты хайадисджыты ӕмӕ сӕрмгаонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвджыты къамтӕ.
Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл Уӕлахизы Бон рахӕсдзысты Уӕлахизы 30-метрон Тырыса, 20-метрон георгиаг лентӕ, афтӕ ма 40-метрон ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг тырысатӕ.