https://sputnik-ossetia.com/20250430/ualakhizy-estafeta-arkhatstsa-khussar-irma-33026602.html
"Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирмӕ
"Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн "Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирыстонмӕ. Эстафетӕйы символ... 30.04.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-04-30T15:20+0300
2025-04-30T15:20+0300
2025-04-30T15:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1e/33024622_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_437db4cb01e490ced8ceb813d34b0cbe.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн "Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирыстонмӕ. Эстафетӕйы символ раттыны бӕрӕгбонон церемони ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны арӕныл Дӕллаг Зӕрӕмӕджы.Эстафетӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстоны территорийыл 4 майы онг, аххӕссдзӕн Цхинвал, Знауыр, Ленингор ӕмӕ Дзауыл. Фарастӕм маймӕ Уӕлахизы символ ӕрыздӕхдзӕн Мӕскуымӕ.Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) цӕгатирыстойнаг Арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдаруаты минӕвар, булкъон Денис Петров бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у хъуыды кӕнын фыдӕлты сгуыхтдзинад. Петров ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахиздзауты фӕдонтӕ дарддӕр тох кӕнынц нацизмы ныхмӕ.Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдаруаты хистӕры хӕдивӕг Андрей Колесников банысан кодта, эстафетӕ кӕй райстой фӕткдаруаты бындурӕвӕрды бон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/04/1e/33024622_161:0:1121:720_1920x0_80_0_0_e7629607bc9d60387420db49ecdfb2bc.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
"Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирмӕ
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн "Уӕлахизы эстафетӕ" ӕрхӕццӕ Хуссар Ирыстонмӕ. Эстафетӕйы символ раттыны бӕрӕгбонон церемони ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны арӕныл Дӕллаг Зӕрӕмӕджы.
Эстафетӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстоны территорийыл 4 майы онг, аххӕссдзӕн Цхинвал, Знауыр, Ленингор ӕмӕ Дзауыл. Фарастӕм маймӕ Уӕлахизы символ ӕрыздӕхдзӕн Мӕскуымӕ.
Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы (ФӔС) цӕгатирыстойнаг Арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдаруаты минӕвар, булкъон Денис Петров бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у хъуыды кӕнын фыдӕлты сгуыхтдзинад. Петров ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахиздзауты фӕдонтӕ дарддӕр тох кӕнынц нацизмы ныхмӕ.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдаруаты хистӕры хӕдивӕг Андрей Колесников банысан кодта, эстафетӕ кӕй райстой фӕткдаруаты бындурӕвӕрды бон.
"Мах исӕм эстафетӕ ӕмӕ алцыдӕр сараздзыстӕм уыцы историон цауты мысинӕгтӕ бавӕрынӕн. Уый у нӕ иумӕйаг хӕс", - загъта Колесников.