https://sputnik-ossetia.com/20250502/mkhm-radzyrdtoy-styr-ualakhizy-baragbony-adasdzinad-kuyd-akhkhast-kandzysty-uuyl-33059060.html
МХМ радзырдтой Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны ӕдасдзинад куыд ӕххӕст кӕндзысты, ууыл
МХМ радзырдтой Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны ӕдасдзинад куыд ӕххӕст кӕндзысты, ууыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъӕнӕг органты 200 кусӕгӕй фылдӕр хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы... 02.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-02T10:00+0300
2025-05-02T10:00+0300
2025-05-02T10:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28943099_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_5c4b7c3155b49308516212b4cbecb34f.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъӕнӕг органты 200 кусӕгӕй фылдӕр хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.Республикӕйы ацӕудзысты къорд мадзалы Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны цытӕн.Гӕззаты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, алыгъуызон барадхъахъхъӕнӕг органты ӕхсӕн ӕмархайд ӕххӕст цӕудзӕн оперативон штабы руаджы."Мадзӕлттӕ уадзыны бон ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты министрады 250 кусӕджы. 9 майы централон фӕзуатыл ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты 150 кусӕджы бӕрц", - банысан кодта Гӕззаты Валерий.Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты Паддзахадон автоинспекцийы патрулон экипажтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/07/28943099_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_d1ab9af985e05994370cd6eb9de10225.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
МХМ радзырдтой Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны ӕдасдзинад куыд ӕххӕст кӕндзысты, ууыл
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъӕнӕг органты 200 кусӕгӕй фылдӕр хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.
Республикӕйы ацӕудзысты къорд мадзалы Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны цытӕн.
"Стандартон схемӕмӕ гӕсгӕ инженерон-саперон службӕтӕ басгардзысты ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ территоритӕ, цы ран цӕудзысты мадзӕлттӕ. Басгӕрсты фӕстӕ ацы объекттӕ ратдзысты къордты хистӕртӕн", - радзырдта Sputnik-ӕн республикӕйы МХМ ӕхсӕнадон милицийы хистӕры хӕдивӕг, булкъон Гӕззаты Виталий.
Гӕззаты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, алыгъуызон барадхъахъхъӕнӕг органты ӕхсӕн ӕмархайд ӕххӕст цӕудзӕн оперативон штабы руаджы.
"Мадзӕлттӕ уадзыны бон ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты министрады 250 кусӕджы. 9 майы централон фӕзуатыл ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты 150 кусӕджы бӕрц", - банысан кодта Гӕззаты Валерий.
Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты Паддзахадон автоинспекцийы патрулон экипажтӕ.