https://sputnik-ossetia.com/20250505/kotsoyty-aslan-rambyldta-evropyy-kubok-dzyudoy-33106901.html
Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок дзюдойæ
Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок дзюдойæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон дзюдоист Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок 20 азы кары онг спортсменты æхсæн Стамбулы (Турк). 05.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-05T11:03+0300
2025-05-05T11:03+0300
2025-05-05T11:04+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/08/30335149_0:45:856:527_1920x0_80_0_0_df37de9326b3c8b24a68a30000cce5da.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон дзюдоист Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок 20 азы кары онг спортсменты æхсæн Стамбулы (Турк).Коцойты Аслан архайдта 90 килогрммы уæзы категорийы Азербайджаны командæйы сконды. Турниры дæргъы Аслан ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты, фыццаг Булханхуу Хасбаатары, стæй та Гуырдзыстоны æртæ минæвары фæд-фæдыл – Георгий Гелашвили, Лука Джавахашвили æмæ Давид Папукишвилийы.Финалон тохы та ирон спортсмен æрдæг минутмæ рамбылдта Глеб Азаровы Кахастанæй.Коцойты Асланыл цæуы 18 азы, уый у Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дуне æмæ Европæйы чемпион Коцойты Зелимы кæстæр æфсымæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/08/30335149_49:0:809:570_1920x0_80_0_0_d5d8664a5373dfe179371a94a0003dea.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок дзюдойæ
11:03 05.05.2025 (Ранӕуӕггонд: 11:04 05.05.2025) ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон дзюдоист Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок 20 азы кары онг спортсменты æхсæн Стамбулы (Турк).
Коцойты Аслан архайдта 90 килогрммы уæзы категорийы Азербайджаны командæйы сконды. Турниры дæргъы Аслан ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты, фыццаг Булханхуу Хасбаатары, стæй та Гуырдзыстоны æртæ минæвары фæд-фæдыл – Георгий Гелашвили, Лука Джавахашвили æмæ Давид Папукишвилийы.
Финалон тохы та ирон спортсмен æрдæг минутмæ рамбылдта Глеб Азаровы Кахастанæй.
Коцойты Асланыл цæуы 18 азы, уый у Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дуне æмæ Европæйы чемпион Коцойты Зелимы кæстæр æфсымæр.