https://sputnik-ossetia.com/20250505/tskhinvaly-banysan-kodtoy-ualakhizy-80-azy-yubiley-fleshmob-vals-pobedy-ya-33115696.html
Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы 80 азы юбилей флешмоб "Вальс победы"-йӕ
Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы 80 азы юбилей флешмоб "Вальс победы"-йӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕ, Цхинвалы, ацыд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн флешмоб "Вальс победы". 05.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-05T14:32+0300
2025-05-05T14:32+0300
2025-05-05T14:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/05/33126552_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_b2ee5852be57cafe1a83ab1be21ea2dc.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕ, Цхинвалы, ацыд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн флешмоб "Вальс победы".Мадзалмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, парламенты спикер Мӕргъиты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы ХПӔ бӕстӕты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕуууӕджы хӕдивӕг Виктор Водолацкий ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.Театралон фӕзуатыл акцийы хайад райстой республикӕйы столицӕйы 800 ахуырдзауы бӕрц. Ӕфсӕддон зарджыты мелодитӕм ӕвзонг парӕтӕ сӕххӕст кодтой вальс, сарӕзтой 1945 азы атмосферӕ. Вальсы фӕстӕ ахуырдзаутӕ акафыдысты национ массон кафт "Симд", уымӕй уыдон бахахх кодтой Ирыстоны адӕмы хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ.Флешмобы раныхас кодта паддзахады сӕргълӕууӕг. Гаглойты Алан банысан кодта, куыд ахсджиаг у адӕттын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты мысинӕгтӕ фидӕны фӕлтӕртӕн.Паддзахадон Думӕйы депутат Виктор Водолацкий йӕ раныхасы бахахх кодта, ахӕм мадзӕлтты хайадисты руаджы сывӕллӕттӕм фӕзыны патриотикон ӕнкъарӕнтӕ Стыр Уӕлахизы тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/05/33126552_216:0:2947:2048_1920x0_80_0_0_b308ef5f6193cb2c38f034b8e7848cc3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы 80 азы юбилей флешмоб "Вальс победы"-йӕ
ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицӕ, Цхинвалы, ацыд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн флешмоб "Вальс победы".
Мадзалмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, парламенты спикер Мӕргъиты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы ХПӔ бӕстӕты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕуууӕджы хӕдивӕг Виктор Водолацкий ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Театралон фӕзуатыл акцийы хайад райстой республикӕйы столицӕйы 800 ахуырдзауы бӕрц. Ӕфсӕддон зарджыты мелодитӕм ӕвзонг парӕтӕ сӕххӕст кодтой вальс, сарӕзтой 1945 азы атмосферӕ. Вальсы фӕстӕ ахуырдзаутӕ акафыдысты национ массон кафт "Симд", уымӕй уыдон бахахх кодтой Ирыстоны адӕмы хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ.
Флешмобы раныхас кодта паддзахады сӕргълӕууӕг. Гаглойты Алан банысан кодта, куыд ахсджиаг у адӕттын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты мысинӕгтӕ фидӕны фӕлтӕртӕн.
"Мах хъуамӕ аргъ ӕмӕ хъуыды кӕнӕм нӕ истори ӕмӕ йӕ адӕттӕм кӕстӕр фӕлтӕртӕн", - бахахх кодта президент.
Паддзахадон Думӕйы депутат Виктор Водолацкий йӕ раныхасы бахахх кодта, ахӕм мадзӕлтты хайадисты руаджы сывӕллӕттӕм фӕзыны патриотикон ӕнкъарӕнтӕ Стыр Уӕлахизы тыххӕй.