https://sputnik-ossetia.com/20250506/khussar-iry-irtasynts-dzauy-rayony-tsardzhyty-khaybavard-styr-ualakhizma-33130608.html
Хуссар Иры иртасынц Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ
Хуссар Иры иртасынц Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизмӕ. Зонад-иртасӕн... 06.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-06T11:16+0300
2025-05-06T11:16+0300
2025-05-06T11:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/183/46/1834620_0:0:3077:1731_1920x0_80_0_0_1269381e9fb170f9d86f3a7fcc00bdad.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизмӕ. Зонад-иртасӕн институты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн семинары хистӕр зонадон кусӕг, историон зонӕдты кандидат Джиоты Мурӕт бавдыста йӕ иртасты фӕстиуджытӕ.Джиоты Мурӕт йӕ разы ӕрывӕрдта хӕс баххӕст ӕмӕ сног кӕнын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты номхыгъдтӕ, цӕмӕй сӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй зонындзинӕдтӕ бахӕццӕ уой фидӕны фӕлтӕртӕм дӕр. Джиоты Мурӕт бакодта бӕстон куыст – фарста цӕрджыты, ахуыр кодта архивон документтӕ ӕмӕ-иу сӕндидзын кодта алкӕцы хӕстоны ӕфсӕддон фӕндаг.Иртасты сты бӕрӕггӕнӕнтӕ Дзауы районы доны галиуфарсы 171 цӕрӕгыл. Хъыгагӕн, уыцы адӕмӕй 90 нал ӕрыздӕхтысты фронтӕй.Джиоты Мурӕт ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ куы ныммыхуыр кӕна, уӕд фӕнд кӕны адарддӕр кӕнын куыст Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты темӕйыл. Ӕввахс рӕстӕджы ныффысдзӕн биографион чиныг йе ‘мхъӕуккагыл, уый ном радтой партизанон къордӕн Белоруссийы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/183/46/1834620_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_06f573bff61d70b4913c4c6518abaf0a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
Хуссар Иры иртасынц Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизмӕ. Зонад-иртасӕн институты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн семинары хистӕр зонадон кусӕг, историон зонӕдты кандидат Джиоты Мурӕт бавдыста йӕ иртасты фӕстиуджытӕ.
Джиоты Мурӕт йӕ разы ӕрывӕрдта хӕс баххӕст ӕмӕ сног кӕнын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты номхыгъдтӕ, цӕмӕй сӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй зонындзинӕдтӕ бахӕццӕ уой фидӕны фӕлтӕртӕм дӕр. Джиоты Мурӕт бакодта бӕстон куыст – фарста цӕрджыты, ахуыр кодта архивон документтӕ ӕмӕ-иу сӕндидзын кодта алкӕцы хӕстоны ӕфсӕддон фӕндаг.
"Рӕстӕг цӕуы. Хъайтарты нӕмттӕ ферох вӕййынц, уыцы бонты удӕгас ӕвдисӕнтӕ чи уыдысты, уыцы кары адӕм дӕр цъусӕй цъусдӕр кӕнынц. Абон ӕз мӕ коллегӕтӕн бавдыстон мӕ куысты фӕстиуджытӕ. Фӕнд кӕнын баххӕст кӕнын иртаст ӕмӕ йӕ ныммыхуыр кӕнын, цӕмӕй хъайтарты нӕмттӕ баззайой историйы", - радзырдта ахуыргонд.
Иртасты сты бӕрӕггӕнӕнтӕ Дзауы районы доны галиуфарсы 171 цӕрӕгыл. Хъыгагӕн, уыцы адӕмӕй 90 нал ӕрыздӕхтысты фронтӕй.
Джиоты Мурӕт ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ куы ныммыхуыр кӕна, уӕд фӕнд кӕны адарддӕр кӕнын куыст Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты темӕйыл. Ӕввахс рӕстӕджы ныффысдзӕн биографион чиныг йе ‘мхъӕуккагыл, уый ном радтой партизанон къордӕн Белоруссийы.