Рæстæгмæ горæты къорд уынджы гом уыдзысты æрмæст фистæгæй цæуджытæн
© Photo : Пресс-служба МВД РЮОМилици

© Photo : Пресс-служба МВД РЮО
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мая – Sputnik. Æввахс бонты Цхинвалы уынгтæй цалдæр æхгæд æрцæудзысты автотранспортæн. Уый баст у, Театры фæзы æфсæддон техникæимæ Уæлахизы парад кæй репетици кæнынц, уыимæ. Паддзахадон автоиспекцийы кусджытæ архайдзысты, цæмæй техникæйæн æмæ æфсæддонтæн къуылымпытæ ма уа.
"7 майы райсомы 8:00-æй сæрмагонд бардзырды онг машинæйыл ацæуæн нæ уыдзæн Октябры, Фидауынгæнджыты, Чкаловы, Нарты æмæ Сталины уынгтыл, афтæ ма цалдæр алвæндагыл. Уыдоны нымæцы: Сталины æмæ Путины, Сталины æмæ Дзауаг уынджы, Сталины æмæ Хъоцыйы-фырты, Сталины æмæ Пушкины, Хетæгкаты Къостайы æмæ Тугъанты Махарбеджы, Сталины æмæ Абайты Васойы, афтæ ма Сталины æмæ Харебаты Исахъы уынгты алвæндæгтæ", – фехъусын кодтой мидхъуыддæгты министрады.
Уымæй уæлдай 8 майы райсомæ 10:00 сахатыл сæхгæндзысты Путины уыджы иу хай Ирæтты уынгæй кафе "Рандеву"-йы онг, афтæ мæ Цоцийы-фырты уынг Уæрæсейы минæварады бæстыхайы раз. Уыцы ран цæудзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номарæн мадзæлттæ.