https://sputnik-ossetia.com/20250514/respublika-tsatta-kany-artykkag-rauagd-styr-fydybastayon-khasty-khayadisdzhyty-kamtima-33283939.html
"Республика" цӕттӕ кӕны ӕртыккаг рауагъд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтимӕ
"Республика" цӕттӕ кӕны ӕртыккаг рауагъд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтимӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Газет "Республика" Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ рауагъта дыккаг сӕрмагонд номыр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты... 14.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-14T10:00+0300
2025-05-14T10:00+0300
2025-05-14T14:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/0d/33279854_0:0:1281:720_1920x0_80_0_0_19165ff727fc5870182b48e0637985db.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Газет "Республика" Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ рауагъта дыккаг сӕрмагонд номыр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтимӕ. Ацы рауагъды уыдысты фронтовикты 825 къамы. Уый размӕ редакци рауагъта сӕрмагонд номыр, цы ран уыдысты хӕсты 1075 хайадисӕджы къамы. Ныр та цӕттӕ цӕуы хӕсты хъайтартӕн нывонд ӕртыккаг номыр.Газеты сӕйраг редактор ӕмӕ проект "Поколение победителей"-ы инициатор Хъоцыты Андрейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ӕрӕмбырд кодтой 2000 къамы бӕрц. Фӕлӕ Хуссар Ирыстонӕй фронтмӕ 22 мин адӕймаджы кӕй ацыд, уый фӕдыл ацы цифрӕ нырма фаг нӕу.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, системон куыстӕн хъӕуы саразын иудадзыг штатон куысты бынӕттӕ, цӕмӕй уыдон ӕдзух куыст кӕной ацы здӕхты.Газеты ӕртыккаг сӕрмагонд номыр рацӕудзӕн кӕнӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты райдайӕны бон – 22 июны, кӕнӕ та Дыккаг дунеон хӕсты райдайӕны бон – 1 сентябры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/0d/33279854_66:0:1026:720_1920x0_80_0_0_e584e032b2dcc3edb97bbcdde24f6e40.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, стыр фыдыбæстон хæст
"Республика" цӕттӕ кӕны ӕртыккаг рауагъд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтимӕ
10:00 14.05.2025 (Ранӕуӕггонд: 14:16 14.05.2025) ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Газет "Республика" Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ рауагъта дыккаг сӕрмагонд номыр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты къамтимӕ. Ацы рауагъды уыдысты фронтовикты 825 къамы. Уый размӕ редакци рауагъта сӕрмагонд номыр, цы ран уыдысты хӕсты 1075 хайадисӕджы къамы. Ныр та цӕттӕ цӕуы хӕсты хъайтартӕн нывонд ӕртыккаг номыр.
Газеты сӕйраг редактор ӕмӕ проект "Поколение победителей"-ы инициатор Хъоцыты Андрейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ӕрӕмбырд кодтой 2000 къамы бӕрц. Фӕлӕ Хуссар Ирыстонӕй фронтмӕ 22 мин адӕймаджы кӕй ацыд, уый фӕдыл ацы цифрӕ нырма фаг нӕу.
"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-имӕ бакодтам егъау куыст. Фӕлӕ 2000 къамы цъус у нырма. Нӕ хӕстонтӕй бирӕтӕ радтой сӕ цӕрдтӕ фронты, аннӕтӕ ӕрыздӕхтысты хъайтартӕй. Махӕн нӕ хӕс у хъуыды кӕнын сӕ сгуыхтдзинӕдтӕ", - банысан кодта Хъоцыты Андрей.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, системон куыстӕн хъӕуы саразын иудадзыг штатон куысты бынӕттӕ, цӕмӕй уыдон ӕдзух куыст кӕной ацы здӕхты.
Газеты ӕртыккаг сӕрмагонд номыр рацӕудзӕн кӕнӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты райдайӕны бон – 22 июны, кӕнӕ та Дыккаг дунеон хӕсты райдайӕны бон – 1 сентябры.