https://sputnik-ossetia.com/20250515/tskhinvaly-banysan-kodtoy-iron-avzag-ama-literaturayy-bon-33315529.html
Цхинвалы банысан кодтой Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон
Цхинвалы банысан кодтой Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппӕрӕмы ацыд Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытӕн мадзал. 15.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-15T16:20+0300
2025-05-15T16:20+0300
2025-05-15T16:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ирон æвзаг
ирон литературæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/0f/29036370_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_a27d51d5e6d3c1711a25b6abf9409fb2.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппӕрӕмы ацыд Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытӕн мадзал.Республикӕйы скъоладзаутӕ бакастысты номдзыд ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Афтӕ ма ХИПУ-йы студенттӕ ӕмӕ педагогтӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы цыртмӕ.Хуссар Ирыстоны раздӕры президент, "Аланты Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид банысан кодта, мадӕлон ӕвзагӕн кӕй ис сӕрмагонд бынат алкӕцы адӕймаджы царды.ХИПУ-йы профессор Плиты Гацыр бахахх кодта, ирон ӕвзаг кӕй у иууыл хъӕздыгдӕртӕй иу дунейы.Уымӕй дарддӕр ХИПУ-йы коллектив ӕмӕ студенттӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой зындгонд ахуыргонд Абайты Васо ӕмӕ фыссӕг Гӕбӕраты Иваны цыртдзӕвӕнтӕм.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/0f/29036370_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_9e92451ac01298ac16e685eb253b8052.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон æвзаг , ирон литературæ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон æвзаг , ирон литературæ
Цхинвалы банысан кодтой Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цыппӕрӕмы ацыд Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытӕн мадзал.
Республикӕйы скъоладзаутӕ бакастысты номдзыд ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Афтӕ ма ХИПУ-йы студенттӕ ӕмӕ педагогтӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы цыртмӕ.
Хуссар Ирыстоны раздӕры президент, "Аланты Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид банысан кодта, мадӕлон ӕвзагӕн кӕй ис сӕрмагонд бынат алкӕцы адӕймаджы царды.
ХИПУ-йы профессор Плиты Гацыр бахахх кодта, ирон ӕвзаг кӕй у иууыл хъӕздыгдӕртӕй иу дунейы.
Уымӕй дарддӕр ХИПУ-йы коллектив ӕмӕ студенттӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой зындгонд ахуыргонд Абайты Васо ӕмӕ фыссӕг Гӕбӕраты Иваны цыртдзӕвӕнтӕм.