https://sputnik-ossetia.com/20250516/tegerany-bakodtoy-khetagkaty-kostayy-byust-33337572.html
Тегераны бакодтой Хетӕгкаты Къостайы бюст
Тегераны бакодтой Хетӕгкаты Къостайы бюст
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Томайты Аманда. Тегераны ацыд номдзыд ирон поэт, нывгӕнӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Хетӕгкаты Къостайы бюст бакӕныны цытджын церемони. 16.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-16T16:29+0300
2025-05-16T16:29+0300
2025-05-16T16:29+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
ахуырад
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/110/13/1101352_0:165:3000:1853_1920x0_80_0_0_906f09ab1d249fd8fc593c70ab6e8b74.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Томайты Аманда. Тегераны ацыд номдзыд ирон поэт, нывгӕнӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Хетӕгкаты Къостайы бюст бакӕныны цытджын церемони.Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центры директор Цыбырты Алексей радзырдта, бюст кӕй бакодтой Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ ирайнаг ахуыргондты ӕхсӕн бирӕазон ӕмархайды фӕлгӕтты.Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Ираны ӕхсӕн ӕмгуыстады ахсджиаг бынат ис зонадон ӕмӕ ахуырадон проекттӕн."Ирайнаг ахуыргондтӕ нӕм ӕрцӕуынц кусынмӕ архивтӕм. Нӕ коллегӕ Муса абдуллахи та ратӕлмац кодта фарсимӕ "Нарты кадджыты" хай, тагъд рӕстӕджы ацӕудзӕн йӕ презентаци. Мах пропогандӕ кӕнӕм Ирыстоны истори, ӕвдисӕм, кӕй стӕм стыр ирайнаг дунейы хай", - бахахх кодта Цыбырты Алексей.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, университет ӕмӕ ирайнаг ахуыргондты ӕхсӕн ахастытӕ райдыдтой рӕзын 2017 азы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/110/13/1101352_167:0:2854:2015_1920x0_80_0_0_b5c9be54f3ada2a624af3cd6898fb5bd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, ахуырад, зонад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, ахуырад, зонад
Тегераны бакодтой Хетӕгкаты Къостайы бюст
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Томайты Аманда. Тегераны ацыд номдзыд ирон поэт, нывгӕнӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Хетӕгкаты Къостайы бюст бакӕныны цытджын церемони.
Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центры директор Цыбырты Алексей радзырдта, бюст кӕй бакодтой Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ ирайнаг ахуыргондты ӕхсӕн бирӕазон ӕмархайды фӕлгӕтты.
"Алцыдӕр райдыдта "Ирон фӕндыр"-ы презентацийы фарсийы ӕвзагыл. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты делегаци ӕрласта Тегеранмӕ Хетӕгкаты Къостайы фарсимӕ тӕлмацгонд уацмыстӕ, ӕмӕ бюсты баконл уыд ацы церемонийы ахсджиаг хай", - радзырдта ахуыргонд.
Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Ираны ӕхсӕн ӕмгуыстады ахсджиаг бынат ис зонадон ӕмӕ ахуырадон проекттӕн.
"Ирайнаг ахуыргондтӕ нӕм ӕрцӕуынц кусынмӕ архивтӕм. Нӕ коллегӕ Муса абдуллахи та ратӕлмац кодта фарсимӕ "Нарты кадджыты" хай, тагъд рӕстӕджы ацӕудзӕн йӕ презентаци. Мах пропогандӕ кӕнӕм Ирыстоны истори, ӕвдисӕм, кӕй стӕм стыр ирайнаг дунейы хай", - бахахх кодта Цыбырты Алексей.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, университет ӕмӕ ирайнаг ахуыргондты ӕхсӕн ахастытӕ райдыдтой рӕзын 2017 азы.