https://sputnik-ossetia.com/20250521/rambyldtoy-60-maydany-trener-rkhi-lenkgandzhyty-ralaudy-tykhkhay-stavropoly-krayy-33394019.html
Рамбылдтой 60 майданы: тренер РХИ ленкгӕнджыты ралӕуды тыххӕй Ставрополы крайы
Рамбылдтой 60 майданы: тренер РХИ ленкгӕнджыты ралӕуды тыххӕй Ставрополы крайы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Стыр Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы. 21.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-21T16:37+0300
2025-05-21T16:37+0300
2025-05-21T16:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/14/25782264_48:415:2262:1660_1920x0_80_0_0_5539535fafbdbe4d8d3311c876bff8ac.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Стыр Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы.Тренер Плиты Ацӕмӕз радзырдта Sputnik-ӕн, Хуссар Ирыстоны командӕйы кӕй уыд 26 ӕвзонг спортсмены.Ерыстӕ цыдысты 50-метрон бассейны, хайад дзы райстой 350 спортсмены бӕрц. Ирон ленкгӕнджытӕ иууыл тынгдӕр расгуыхтысты командон ерысты.Плиты Ацӕмӕз бузныг загъта республикӕйы спорты рӕзтӕн чи ӕххуыс кӕны, ӕппӕт уыцы адӕмӕн."Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын республикӕйы спорты рӕзтӕн чи ӕххуыс кӕны, ӕппӕт уыцы адӕмӕн. Уӕлдай бузныг та дзурын нӕ ленкгӕнджыты ныййарджытӕн – уыдоны фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕн фадат ис ӕвдисын сӕ курдиат уӕрӕсейаг ерысты", - бафтыдта тренер.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/14/25782264_175:447:1951:1779_1920x0_80_0_0_ed5c66c77714ec83a24e78bcade0dc99.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Рамбылдтой 60 майданы: тренер РХИ ленкгӕнджыты ралӕуды тыххӕй Ставрополы крайы
ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Стыр Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы.
Тренер Плиты Ацӕмӕз радзырдта Sputnik-ӕн, Хуссар Ирыстоны командӕйы кӕй уыд 26 ӕвзонг спортсмены.
"Ацы ерысты мах рамбылдта 60 майданы: 18 сыгъзӕрин, 24 ӕвзист ӕмӕ 18 бронзӕйон", - банысан кодта тренер.
Ерыстӕ цыдысты 50-метрон бассейны, хайад дзы райстой 350 спортсмены бӕрц. Ирон ленкгӕнджытӕ иууыл тынгдӕр расгуыхтысты командон ерысты.
Плиты Ацӕмӕз бузныг загъта республикӕйы спорты рӕзтӕн чи ӕххуыс кӕны, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.
"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын республикӕйы спорты рӕзтӕн чи ӕххуыс кӕны, ӕппӕт уыцы адӕмӕн. Уӕлдай бузныг та дзурын нӕ ленкгӕнджыты ныййарджытӕн – уыдоны фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕн фадат ис ӕвдисын сӕ курдиат уӕрӕсейаг ерысты", - бафтыдта тренер.