https://sputnik-ossetia.com/20250526/minvodty-atsyd-urse-m-khussar-iry-khsnkhitsauadon-kamisy-rabadt-33486596.html
Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Иры Æхсæнхицауадон къамисы рабадт
Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Иры Æхсæнхицауадон къамисы рабадт
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы XXIII рабадт. Уæрæсейаг... 26.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-26T17:40+0300
2025-05-26T17:40+0300
2025-05-26T23:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/1a/33479711_0:0:1001:563_1920x0_80_0_0_06f4800d6e4cc3bbb853cd36ed83d6b3.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы XXIII рабадт. Уæрæсейаг делегацийы сæргъ лæууыд хицауады разамонæджы хæдивæг Александр Новак, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг та уыд президент Гаглойты Алан.Александр Новак бахахх кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон кæй сты тынг æввахс хæлæрттæ æмæ цæдисонтæ. Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг бузныг загъта Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы позицийы фарс кæй лæууынц æхсæнадæмон фарстыты æмæ банысан кодта, республикæйы хæстонтæ хъæбатыр тох кæй кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.Вице-премьер рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны егъау æнтыстытæ фæстаг 16 азы дæргъы, сæ нымæцы инфраструктурæ æмæ паддзахадон фæткдаруаты модернизаци, афтæ ма финансон æмæ социалон секторты рæзт.Александр Новак фехъусын кодта, кæй хъæуы æрныхас кæнын 2030 азы онг Паддзахадон программæйыл æмæ снысан кæнын сæйраг хæслæвæрдтæ фидæнмæ.Гаглойты Алан бузныг загъта уæрæсейаг коллегæтæн Хуссар Ирыстонæн иудадзыг æххуыс кæй кæнынц, уый фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæны паддзахадон программæйыл цæуы лæмбынæг куыст.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/05/1a/33479711_0:0:889:667_1920x0_80_0_0_36e2ea2aeb1e2088e8664e45c78095d3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Иры Æхсæнхицауадон къамисы рабадт
17:40 26.05.2025 (Ранӕуӕггонд: 23:08 26.05.2025) ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Минводты ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы XXIII рабадт. Уæрæсейаг делегацийы сæргъ лæууыд хицауады разамонæджы хæдивæг Александр Новак, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг та уыд президент Гаглойты Алан.
Александр Новак бахахх кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон кæй сты тынг æввахс хæлæрттæ æмæ цæдисонтæ. Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг бузныг загъта Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы позицийы фарс кæй лæууынц æхсæнадæмон фарстыты æмæ банысан кодта, республикæйы хæстонтæ хъæбатыр тох кæй кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.
Вице-премьер рахицæн кодта Хуссар Ирыстоны егъау æнтыстытæ фæстаг 16 азы дæргъы, сæ нымæцы инфраструктурæ æмæ паддзахадон фæткдаруаты модернизаци, афтæ ма финансон æмæ социалон секторты рæзт.
Александр Новак фехъусын кодта, кæй хъæуы æрныхас кæнын 2030 азы онг Паддзахадон программæйыл æмæ снысан кæнын сæйраг хæслæвæрдтæ фидæнмæ.
Гаглойты Алан бузныг загъта уæрæсейаг коллегæтæн Хуссар Ирыстонæн иудадзыг æххуыс кæй кæнынц, уый фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæны паддзахадон программæйыл цæуы лæмбынæг куыст.