https://sputnik-ossetia.com/20250527/mikhail-mishustin-babarag-kodta-khussar-iry-stend-kavkazy-investitsion-forumy-33496903.html
Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Иры стенд Кавказы инвестицион форумы
Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Иры стенд Кавказы инвестицион форумы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Уӕрӕсейы хицауады сӕргълӕууӕг Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны стенд Кавказы инвестицион форумы, фембӕлдысты йыл... 27.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-27T16:01+0300
2025-05-27T16:01+0300
2025-05-27T16:01+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/0f/29811699_0:0:1600:900_1920x0_80_0_0_df2d4cf46f83e370975ce5b3a8c01942.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Уӕрӕсейы хицауады сӕргълӕууӕг Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны стенд Кавказы инвестицион форумы, фембӕлдысты йыл республикӕйы президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер Джуссойты Константин, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Президент бузныг загъта уӕрӕсейаг премьер-министрӕн иудадзыг ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ радзырдта реализацигонд проекттыл.Уымӕй дарддӕр президент фехъусын кодта Михаил Мишустинӕн, ацы аз сентябры республикӕйы кӕй ацӕудзӕн фыццаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум.Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг форумы фӕзуаты фембӕлд уӕрӕсейаг коллегтӕтимӕ, сӕ нымӕцы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Мурашко ӕмӕ экономикон райрӕзты министр Максим Решетников.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/0f/29811699_200:0:1400:900_1920x0_80_0_0_49654899f26718225e9ac51fb0d734a8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Иры стенд Кавказы инвестицион форумы
ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Уӕрӕсейы хицауады сӕргълӕууӕг Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны стенд Кавказы инвестицион форумы, фембӕлдысты йыл республикӕйы президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер Джуссойты Константин, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент бузныг загъта уӕрӕсейаг премьер-министрӕн иудадзыг ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ радзырдта реализацигонд проекттыл.
"Инвестицион равдысты 2023 азы мах бахастам хъӕппӕрис – радзырдтам, республикӕ кӕй фӕнд кӕны бакӕнын дургуысты куыстуат. Ацы аз форумы мах бавдыстам цӕттӕ продукци, уый экспорт цӕуы Уӕрӕсейы Федерацимӕ", - загъта Гаглойты Алан.
Уымӕй дарддӕр президент фехъусын кодта Михаил Мишустинӕн, ацы аз сентябры республикӕйы кӕй ацӕудзӕн фыццаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум.
Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг форумы фӕзуаты фембӕлд уӕрӕсейаг коллегтӕтимӕ, сӕ нымӕцы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Мурашко ӕмӕ экономикон райрӕзты министр Максим Решетников.