https://sputnik-ossetia.com/20250610/gagloyty-alan-snysan-kodtoy-nog-srgluug-m-y-khdivdzhyty-midkhuyddgty-ministradn-33673144.html
Гаглойты Алан снысан кодтой ног сæргълæууæг æмæ йæ хæдивджыты Мидхъуыддæгты министрадæн
Гаглойты Алан снысан кодтой ног сæргълæууæг æмæ йæ хæдивджыты Мидхъуыддæгты министрадæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ). 10.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-10T10:00+0300
2025-06-10T10:00+0300
2025-06-10T10:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/09/33670003_21:0:582:315_1920x0_80_0_0_52b4a7ebfc853721996716a3e4d59ce1.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ).Президенты барамындæй Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæгæй снысан кодтой министры хæдивæг Мамиты Эриславы.Ноджы ма иу барамындæй паддзахады сæргълæууæг ссæрибар кодта Гуыцмæзты Аланы мидхъуыддæгты министры бынатæй.Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг къуырисæры сарæзта ноджы къорд кадрон ивындзинады. Министры фыццаг хæдивæг æмæ криминалон милицийы хистæрæй снысан кодтой Сагкаты Ацæмæзы. Тадтаты Петры бæсты фæдæвзарæн фæткдаруаты сæргъ слæууыд Дудайты Дмитрий, кæцы уый размæ уыд экономикон фыдракæндты ныхмæ фæткдаруаты хистæр.Налбандов Давиды снысан кодтой министры хæдивæгæй сæрмагонд скондимæ куысты фæдыл. Уый размæ ацы бынаты куыста Санахъоты Сослан.Паддзахады сæргълæууæг ноджы иу барамындæй ссæрибар кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæджы бынатæй Плиты Игоры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/09/33670003_19:0:552:400_1920x0_80_0_0_37942eb280cfcbd4f1b5981cdaa40a61.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм, гаглойты алан
Гаглойты Алан снысан кодтой ног сæргълæууæг æмæ йæ хæдивджыты Мидхъуыддæгты министрадæн
10:00 10.06.2025 (Ранӕуӕггонд: 10:13 10.06.2025) ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ).
Президенты барамындæй Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæгæй снысан кодтой министры хæдивæг Мамиты Эриславы.
Ноджы ма иу барамындæй паддзахады сæргълæууæг ссæрибар кодта Гуыцмæзты Аланы мидхъуыддæгты министры бынатæй.
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг къуырисæры сарæзта ноджы къорд кадрон ивындзинады. Министры фыццаг хæдивæг æмæ криминалон милицийы хистæрæй снысан кодтой Сагкаты Ацæмæзы. Тадтаты Петры бæсты фæдæвзарæн фæткдаруаты сæргъ слæууыд Дудайты Дмитрий, кæцы уый размæ уыд экономикон фыдракæндты ныхмæ фæткдаруаты хистæр.
Налбандов Давиды снысан кодтой министры хæдивæгæй сæрмагонд скондимæ куысты фæдыл. Уый размæ ацы бынаты куыста Санахъоты Сослан.
Паддзахады сæргълæууæг ноджы иу барамындæй ссæрибар кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæджы бынатæй Плиты Игоры.
"Рæстæг домы ивындзинæдтæ, ног фæткдаруатон цæстынгас, энерги æминциативæ. МХМ сконд сног кæнын у къахдзæф модернизацимæ æмæ нæ республикæйы æдасдзинады системæ сфидар кæнынмæ", - загъта Гаглойты Алан.