https://sputnik-ossetia.com/20250618/khussar-iry-leningory-rayony-fkhuyzdr-kodtoy-fndagon-infrastruktur-33789178.html
Хуссар Иры Ленингоры районы фæхуыздæр кодтой фæндагон инфраструктурæ
Хуссар Иры Ленингоры районы фæхуыздæр кодтой фæндагон инфраструктурæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фæцис мадзæлтты комплекс фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, радзырдта Sputnik-æн... 18.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-18T12:42+0300
2025-06-18T12:42+0300
2025-06-18T15:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/04/09/12058822_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_3cff1486210c03b33251c077f865925e.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фæцис мадзæлтты комплекс фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, радзырдта Sputnik-æн районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.Куыстытæ æххæст кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) фæткдаруат. Сæйраг объекттæй иу уыд Тыджыты хъæумæ фæндаг.ЦКХ фæткдаруаты директор Хацырты Алексей куыд фехъусын кодта, афтæмæй 12 километры дæргъæн фæндаг сраст кодтой æмæ йыл ныр сæрибарæй цæудзæн автотранспорт.Æмрæстæджы уагъд цыдысты куыстытæ Къоринтайы хъæумæ фæндагыл. Æвзæр боныгъæды тыххæй фæндаг ныппырх ис, æмæ йæ бахъуыд сцалцæг кæнын.Æввахс рæстæджы бавналдзысты Ларгвисы коммæ фæндаджы цаллцæгмæ дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/04/09/12058822_165:0:1125:720_1920x0_80_0_0_d14d10e0f38226cdbeb9ca6c7a732238.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район
Хуссар Иры Ленингоры районы фæхуыздæр кодтой фæндагон инфраструктурæ
12:42 18.06.2025 (Ранӕуӕггонд: 15:03 18.06.2025) ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фæцис мадзæлтты комплекс фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, радзырдта Sputnik-æн районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.
Куыстытæ æххæст кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) фæткдаруат. Сæйраг объекттæй иу уыд Тыджыты хъæумæ фæндаг.
ЦКХ фæткдаруаты директор Хацырты Алексей куыд фехъусын кодта, афтæмæй 12 километры дæргъæн фæндаг сраст кодтой æмæ йыл ныр сæрибарæй цæудзæн автотранспорт.
"Бынæттон цæрджытæ цалдæр хатты бадзырдтой администрацимæ, цæмæй йæ сцалцæг кæной. Мах бахастам ацы фадыг ныры куыстыты нывæстмæ, æмæ ныр фæндагыл цæуæн ис æнæ зындзинæдтæй", - банысан кодта Хацырты Алексей.
Æмрæстæджы уагъд цыдысты куыстытæ Къоринтайы хъæумæ фæндагыл. Æвзæр боныгъæды тыххæй фæндаг ныппырх ис, æмæ йæ бахъуыд сцалцæг кæнын.
Æввахс рæстæджы бавналдзысты Ларгвисы коммæ фæндаджы цаллцæгмæ дæр.