https://sputnik-ossetia.com/20250618/rkhi-prezident-raarf-kodta-barsalan-y-vzong-futbolisttn-urseyy-kubok-rambulyny-fdyl-33793713.html
РХИ президент раарфæ кодта "Барсалан"-ы æвзонг футболисттæн Уæрæсейы Кубок рамбулыны фæдыл
РХИ президент раарфæ кодта "Барсалан"-ы æвзонг футболисттæн Уæрæсейы Кубок рамбулыны фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 июня – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы бацыд футболон клуб "Барсалан"-ы тренировкæмæ Цхуырбаты Гурамы... 18.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-18T16:35+0300
2025-06-18T16:35+0300
2025-06-18T16:35+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/0d/33728849_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_46529622b95eac329d1c979f5681ce3f.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 июня – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы бацыд футболон клуб "Барсалан"-ы тренировкæмæ Цхуырбаты Гурамы номыл стадионмæ. Июны райдайæны Хъазиты Алан æмæ Кокойты Юрийы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой Уæрæсейы Кубоктæ дыууæ кары категориты.Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта сывæллæттæн сæ уæлахизы фæдыл æмæ бузныг загъта тренертæн егъау куыст бакæныны тыххæй.Гаглойты Алан радта æвзонг спортсментæн лæвæрттæ, уыдон та йын презентаци скодтой клубы спортивон формæ фыццаг номыримæ. Паддзахады сæргълæууæг дзырд радта, ногæй сæм кæй æрбацæудзæн тренировкæтæм ацы лæвар формæйы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/0d/33728849_72:0:1209:853_1920x0_80_0_0_fa827737c6197292193554cbd6a84005.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, спорт
РХИ президент раарфæ кодта "Барсалан"-ы æвзонг футболисттæн Уæрæсейы Кубок рамбулыны фæдыл
ЦХИНВАЛ, 18 июня – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы бацыд футболон клуб "Барсалан"-ы тренировкæмæ Цхуырбаты Гурамы номыл стадионмæ. Июны райдайæны Хъазиты Алан æмæ Кокойты Юрийы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой Уæрæсейы Кубоктæ дыууæ кары категориты.
Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта сывæллæттæн сæ уæлахизы фæдыл æмæ бузныг загъта тренертæн егъау куыст бакæныны тыххæй.
"Сымахæн ис æцæг стыр æнтыст – ацыдыстут æмæ æрхастат дыууæ кубокы. Сымах цæсгомджынæй бахъахъхъæдтат Хуссар Ирыстоны кад", - банысан кодта президент.
Гаглойты Алан радта æвзонг спортсментæн лæвæрттæ, уыдон та йын презентаци скодтой клубы спортивон формæ фыццаг номыримæ. Паддзахады сæргълæууæг дзырд радта, ногæй сæм кæй æрбацæудзæн тренировкæтæм ацы лæвар формæйы.