https://sputnik-ossetia.com/20250619/tskhinvaly-tsrdzhy-khdtulgyy-ssardtoy-gashish-m-tobgond-buarad-33810804.html
Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой гашиш æмæ тобæгонд буарад
Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой гашиш æмæ тобæгонд буарад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уголовон фæдагуырды кусджытæ ссардтой Цхинвалы 48-аздзыд цæрæджы хæдтулгæйы гашиш æмæ Хуссар Ирыстоны тобæгонд психотропон буарад... 19.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-19T17:54+0300
2025-06-19T17:54+0300
2025-06-19T17:54+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/843/49/8434986_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_74e0484ed54a4d01bc53210e54411ba8.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уголовон фæдагуырды кусджытæ ссардтой Цхинвалы 48-аздзыд цæрæджы хæдтулгæйы гашиш æмæ Хуссар Ирыстоны тобæгонд психотропон буарад "Габапентин", хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.Столицæйы цæрæджы ВАЗ 21014 хæдтулгæйы басгæрсты рæстæджы барсеткæйы барадхъахъхъæнджытæ ссардтой æртæ тыхтоны æмæ æртæ капсулæйы.Нæлгоймаг банысан кодта, барсеткæ кæй у йæ зонгæйы. Фæстæдæр уыцы нæлгоймаджы дæр æркодтой Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайадмæ, цы ран уый басаст, барсеткæйы йæхи кæй у.Дыууæ нæлгоймаджы дæр не сразы сты рацæуын медицинон басгæрст наркотикон æмæ психотропон буарадты фæдыл, бафтыдтой уагдоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/843/49/8434986_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_2ed76eb497f6c76185827f01da110224.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой гашиш æмæ тобæгонд буарад
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уголовон фæдагуырды кусджытæ ссардтой Цхинвалы 48-аздзыд цæрæджы хæдтулгæйы гашиш æмæ Хуссар Ирыстоны тобæгонд психотропон буарад "Габапентин", хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Столицæйы цæрæджы ВАЗ 21014 хæдтулгæйы басгæрсты рæстæджы барсеткæйы барадхъахъхъæнджытæ ссардтой æртæ тыхтоны æмæ æртæ капсулæйы.
"Иртасты рæстæджы сбæрæг, тыхтонты кæй уыд наркотикон буарад "гашиш", æртæ капсулæйæ иуы та уыд психотропон буарад "Габапентин", - радзырдтой министрады.
Нæлгоймаг банысан кодта, барсеткæ кæй у йæ зонгæйы. Фæстæдæр уыцы нæлгоймаджы дæр æркодтой Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайадмæ, цы ран уый басаст, барсеткæйы йæхи кæй у.
Дыууæ нæлгоймаджы дæр не сразы сты рацæуын медицинон басгæрст наркотикон æмæ психотропон буарадты фæдыл, бафтыдтой уагдоны.