https://sputnik-ossetia.com/20250620/uaraseyag-spetsialistta-auadzdzysty-rkhi-natsbanchy-infrastrukturayy-it-infrastrukturayy-audit-33826247.html
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты РХИ Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты РХИ Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы минӕвӕрттӕ ауадздзысты Хуссар Иры Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит. 20.06.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-06-20T10:01+0300
2025-06-20T10:01+0300
2025-06-20T10:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/13/33823925_11:0:1179:657_1920x0_80_0_0_19912b9960b3559db84b42ff4cd09873.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы минӕвӕрттӕ ауадздзысты Хуссар Иры Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы баныхас кодтой ӕмархайды дарддӕры къахдзӕфтыл.Афтӕ ма компанийы минӕвӕртты фӕхуыдтой Хуссар Ирыстоны фыццаг экономикон форуммӕ сентябры.
https://sputnik-ossetia.com/20250619/khussar-ir-m-adygey-bafystoy-mguystady-fdyl-badzyrd-33815093.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/13/33823925_182:0:1058:657_1920x0_80_0_0_330523f54f6bccc58b5a13975819c218.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты РХИ Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит
10:01 20.06.2025 (Ранӕуӕггонд: 10:11 20.06.2025) ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы минӕвӕрттӕ ауадздзысты Хуссар Иры Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит.
"Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты ацыд фембӕлд уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы генералон директоримӕ. Ацы структурӕ архайы цифрон къабазы, уадзы информацион системӕты аудит", - загъта Националон банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы баныхас кодтой ӕмархайды дарддӕры къахдзӕфтыл.
"Нӕ коллегӕтӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕрцӕудзысты Хуссар ирыстонмӕ, цӕмӕй ауадзой Нацбанчы инфраструктурӕйы IT-инфраструктурӕйы аудит. Ӕмӕ бынаты скъуыддзаг ӕрцуӕдзӕн, цы продукттӕй хъӕуы баххӕст кӕнын нӕ банк", - банысан кодта Бекъойты Сослан.
Афтӕ ма компанийы минӕвӕртты фӕхуыдтой Хуссар Ирыстоны фыццаг экономикон форуммӕ сентябры.